Хуссар Ирыстон ӕввахс базонынӕн, йӕ историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ, географион хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ алӕмӕттаг бынӕттимӕ базонгӕ кӕнынӕн республикӕ хъуамӕ ацӕуай раст ӕмӕ цӕхгӕрмӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ территори егъау нӕу, уӕддӕр бахъӕудзӕн цалдӕр къуырийы.
Фылдӕр хатт та Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ уазджытӕн активон улӕфтӕн вӕййы иу- дыууӕ боны.
Туристтӕн феххуысы нысанӕн мах бацӕттӕ кодтам фенддаг бынӕтты къамты лентӕ.
Абоны маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ Транскамы фæндагыл Гуфтайы онг, дарддæр Эрцъойы цадмæ, Начърепайы хъæумæ æмæ Къозы цадмæ.
Афтæ бакæсут нæ раздæры маршруттæм: Цхинвал-Дменис-Зонкъар ӕмӕ Цхинвал-Икъорта-Ленингор-Ларгвис-Ахмадж.

1/24
© Sputnik / Ада Багиан
Ацы маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ Транскамы фæндагыл Гуфтайы онг, дарддæр Эрцъойы цадмæ, Начърепайы хъæумæ æмæ Къозы цадмæ.

2/24
© Sputnik / Ада Багиан
Гуфтайы хиды сæрмæ фыст "Цвети Осетия моя" фæзынд XX æнусы 70-æм азты.

3/24
© Sputnik / Ада Багиан
Къуыдаргом æмæ Дзауы ком кæм иу кæнынц. Гуфтайы хъæуы цур хидæн ис историкон нысаниуæг. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1929 азы 1 ноябры. Йæ аразыныл бахъуыдысты æрмæстдæр 10 мæйы. Йæ дæргъ у 72 метры, йæ бæрзæнд та – 22 метры. Ныртæккæ хидыл нæй цӕуӕн.

4/24
© Sputnik / Ада Багиан
Цæугæдон Пацъа у тынг сыгъдæг. Сæрдыгон рæстæг уый нычысыл вæййы.

5/24
© Sputnik / Ада Багиан
Хъемултайы хъæумæ ракаст.

6/24
© Sputnik / Ада Багиан
Хъемултайы хъæумæ æввахс ис Советон Цæдисы хъайтар Остъаты Алексейæн цыртдзæвæн.

7/24
© Sputnik / Ада Багиан
Эрцъомæ фæндагыл ис Елхъанты хъæу.

8/24
© Sputnik / Ада Багиан
Сæридтаты ком.

9/24
© Sputnik / Ада Багиан
Сæридты хъæуы цур ис астæуккаг æнусты хъахъхъæнæн комплексы баззайæггæгтæ.

10/24
© Sputnik / Ада Багиан
Цад æрмæст йæ рæсугъддзинадæй зындгонд нæу, фæлæ май æ аномалон миниуæгæй дæр. Цалдæр аз иу хатт йæ дон фесæфы.

11/24
© Sputnik / Ада Багиан
Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дон ахъуызы йæ быны уæвæг стыр лæгæттæм.

12/24
© Sputnik / Ада Багиан
Ныртæккæ цад у йемыдзаг æмæ туристты æхсæн у популярон.

13/24
© Sputnik / Ада Багиан
Гуфтайæ Къуайсамæ фæндагыл балхæнæн ис ирон цыхт æмæ сæн.

14/24
© Sputnik / Ада Багиан
Хуссар Ирыстоны дыккаг горæт - Къуайсайы фæндаг.

15/24
© Sputnik / Ада Багиан
Август – хосгæрдæн мæй. Бынæттон цæрджытæм æххуысмæ æрбацæуынц сæ хæстæджытæ горæтæй.

16/24
© Sputnik / Ада Багиан
Елхъанты царынц æрмæстдæр цалдӕр хæдзары.

17/24
© Sputnik / Ада Багиан
Цæугæдон Джоджора зындгонд у лæбурæг уад æмæ сыгъдæгдзинадæй.

18/24
© Sputnik / Ада Багиан
Хуссар Ирыстоны абоны онг хос æмбырд кæнынц зæронд амалтæй.

19/24
© Sputnik / Ада Багиан
Дзауы районы хъæуты цæрджытæ цæрынц сæйраджыдæр фосдардæй.

20/24
© Sputnik / Ада Багиан
Къуайсамæ ракаст Къозы цады `рдæм фæзилæнæй.

21/24
© Sputnik / Ада Багиан
Стыр Кавказы рагъмæ ракаст.

22/24
© Sputnik / Ада Багиан
Къозы цад сырæзт, зæхх кæй аскъуыд, уый фæстиуæгæн. Цады алыварс ис тар хъæд.

23/24
© Sputnik / Ада Багиан
Ардæм æрцæуынц туристтæ Цхинвалæй, Къуайсайæ, Цæгат Ирыстонæй.

24/24
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалæй Къозы цадмæ цæуын хъæуы дыууæ сахаты бæрц, фæлæ уый хъуамæ цæлхдур ма уа Хуссар Ирыстоны алæмæттаг бынат фенынæн.