Цхинвалы цæрæг уӕззау цӕф фӕцис газы срæмыгъды фæстиуæгæн

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы цæрæг уӕззау цӕф фӕцис газы срæмыгъды фæстиуæгæн
Цхинвалы цæрæг уӕззау цӕф фӕцис газы срæмыгъды фæстиуæгæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны УУМ бæлвырд кæны Цхинвалы хæдзæрттæй сæ иуы æрдзон газы срæмыгъды аххосæгтæ.

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Уæззау уавæры цæгатирыстойнаг клиникæмæ аластой Цхинвалы цæрæг Годжыцаты Таймуразы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Республикон рынчындонмæ.

Цхинвалы хæдзæрттæй сæ иуы 23 августы райхъуыст срæмыгъд. Зианбаййафæг Годжыцаты Таймураз бахауд рынчындонмæ.

"Æстдæсаздзыд Таймуразæн басыгъд йæ буары 45%. Æрбаластой йæ нæ рынчындонмæ, цыран райста æмбæлон æххуыс. Фæстæдæр хиуæттæ аскъуыддзаг кодтой пациенты цæгатирыстойнаг клиникæмæ аласын", — фехъусын кодтой Республикон рынчындоны.

Уæлвæткон уавæрты министрад бæлвырд кæны срæмыгъды аххосæгтæ.

УУМ радгæсон хайы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, газы срæмыгъд æрцыд хæлд газы колонкæйы аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0