Аскъӕфт иумӕйаг цард райдайыны нысанӕн

© Flickr.comАскъӕфт иумӕйаг цард райдайыны нысанӕн
Аскъӕфт иумӕйаг цард райдайыны нысанӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызджы аскъӕфт Хуссар Ирыстоны бирӕтӕ нымайынц рӕсугъд ӕмӕ рагон ӕгъдауыл, бирӕ бинонтӕн ацы хабарӕй райдайы сӕ иумӕйаг цард. Арӕх ахӕм бинонты цардамонд вӕййы бафӕзминаг, фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕмкъӕйтты амонд бирӕ нӕ ахӕссы ӕмӕ тагъд ахицӕн вӕййынц.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Козаты Диана, Тадтаты Андрей. Мадинӕйы аскъӕфтой 24-аздзыдӕй. Уый тыххӕй ахӕстаргъ нӕ ракуырдтой. Фӕстӕдӕр Мидхъуыддӕгты министрады ӕмбырдуацы ацы барадыныхмӕ архайд фыст ӕрцыд, куыд "аскъӕфт иумӕйаг цард райдайыны нысанӕн".

Хуссар Ирыстоны тынг арӕх у чызджы скъӕфты традици, ацы рӕсугъд ӕмӕ рагон кавказаг ӕгъдау актуалон у абон дӕр. Фӕлӕ ныр фенӕн нал ис нӕлгоймӕгты цухъхъаты бӕхыл бадгӕйӕ ӕмӕ скъӕфт чызджыты бинонты нӕмгуытӕй лидзгӕйӕ. Абон усагты скъӕфынц наукон-техникон прогрессы фӕрӕзтӕй пайда кӕнгӕйӕ. Телефонӕй чызджы расайынц йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ акӕнынц хӕдтулгӕйыл.

Афтӕ ӕрцыд Мадинӕйыл дӕр. Ӕрыгон лӕппуимӕ тезгъо кӕрон скодта йӕ ӕнӕмӕт чызджы цардӕн. Уый нырма нӕ хъуыды кодта афтӕ тагъд чындзы ацӕуын ӕмӕ йӕ уарзон лӕппуимӕ ӕмбӕлд ӕнӕсерьезон фӕндтӕй.

"Цавӕрдӕр уысм бамбӕрстон, цы уыдзӕн дарддӕр, уый. Лӕппу уыд йе `мбӕлттимӕ, бадтыстӕм кафейы. Дзырд асайдта бинонты царды темӕмӕ, уый ӕмрӕстӕг йе `мбӕлттӕ сӕ цӕстӕнгас мӕнӕй райдыдтой ӕмбӕхсын ", — дзуры Мадинӕ.

Усгур — барадхъахъхъӕнӕн органты кусӕг — сабырӕй йӕм бахатыд хӕдтулгӕмӕ бацӕуын, бамбарын ын кодта, бинонты цардмӕ йын кӕй ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ фӕндаджы — кӕнӕ хылимӕ ацӕуын, кӕнӕ сабырӕй бинонты амонд райдайын амайын.

"Цавӕрдӕр уысм мӕхи фӕхатыдтӕн тыхмийы амӕттаг, фӕндыд мӕ ныхъыллист кӕнын, алидзын. Фӕлӕ мыл цыма ӕндзыг схӕцыд, афтӕмӕй мӕ рахизын кодтой ӕмӕ бабадын кодтой хӕдтулгӕйы. Уый фӕстӕ мӕ бааууон кодтой хъӕуы. Дарддӕр уыд хӕстӕджытимӕ фидыд, чындзӕхсӕв. Бинонты цард райдыдта фыдӕвзарӕнӕй, фӕлӕ рацыд фондз азы, ис нын дыууӕ сывӕллоны, ӕмӕ мӕ бон у зӕгъын, кӕй дӕн амондджын", — йӕ мидбылты худы Мадинӕ.

Фӕлӕ усы аскъӕфт алыхатт ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ вӕййы. Ӕрыгон чызг ӕмӕ лӕппу бадзурынц развӕлгъау. Уымӕн аххосӕг вӕййы хиуӕттӕ разы куы нӕ вӕййынц сӕ цӕдисимӕ, кӕнӕ та амондагуртӕн куы нӕ вӕййыы чындзӕхсӕв скӕныны фадат.

© Flickr.comӔрыгон ӕмкъӕйттӕ.
Влюбленная пара - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрыгон ӕмкъӕйттӕ.

Зӕлинӕйӕн ацы дыууӕ аххосаг уыдысты ӕмхуызон актуалон, куы фӕфӕнд кодта йӕ цард баиу кӕнын уарзон адӕймагимӕ, фӕлӕ хиуӕттӕ дыууӕрдыгӕй дӕр уыдысты ацы цӕдисы ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныфс нӕ уыд, ныййарджытӕ сын кӕй скӕндзысты чындзӕхсӕв.

"Мах уыдыстӕм тынг ӕвзонг, тынг уарзтам кӕрӕдзи ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам иумӕ цӕрын. Акодта мӕ, никӕмӕн ницы загътам, афтӕмӕй. Бирӕ рӕстӕг нӕ агуырдтой, милицимӕ дӕр бацыдысты. Фӕстӕдӕр уавӕр ӕрсабыр, нӕ хиуӕттӕ сразы сты нӕ равзӕрстыл. Афтӕ мӕм каст, махӕй амондджындӕр кӕй ничи ис ӕмӕ ничи нӕ уыдзӕн", — дзуры Зӕлинӕ.

Фӕлӕ рацыд цалдӕр аз ӕмӕ цард райдыдта хӕлын. Фыццаг рӕстӕг Зӕлинӕйы ӕмкъай уыд хъӕлдзӕг ӕмӕ хъусдараг, фӕлӕ рӕстӕг рацыд ӕмӕ хӕдзармӕ цӕуын райдыдта ӕнафоны, ницы хайад иста сӕ чысыл лӕппуйы хъомылады. Уый фӕстӕ Зӕлинӕ базыдта, кӕй йын ис ӕндӕр сылгоймаг. Уый ссис фӕстаг ӕртах, Зӕлинӕ баздӕхт йӕ ныййарджыты хӕдзармӕ, кӕцытӕ абоны онг дӕр уайдзӕфтӕ кӕнынц чызгӕн, сӕ ныхасмӕ сын кӕй нӕ байхъуыста.

"Ӕгӕр ӕвзонг уыдыстӕм бинонтӕ аразынӕн. Фӕлӕ хъуыды кодтам — иумӕ куы уӕм, уӕд алцыдӕр уыдзӕн хорз. Ацы ӕнӕхиндзинадӕй фӕд дӕр нал баззад", — йӕ ныхасы кӕронбӕттӕны дзуры Зӕлинӕ.

Арӕх вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ лӕппу ӕрхъавы чызджы аскъӕфын уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕзоны, куыд ӕм ссардӕуа ӕмбӕлон ахаст, науӕд та фӕхъуыды кӕны, сӕ ӕнкъарӕнтӕ кӕй не` сты ӕмзӕрдиуӕг.

"Ме `мбӕлттӕ мын бацамыдтой — кӕд чызг ӕцӕгӕйдӕр дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд бирӕ рахъуыды-бахъуыды нӕ хъӕуы, аскъӕфтай йӕ ӕмӕ хъуыддаг ууыл ахицӕн. Ӕз ацыдтӕн ацы ныхӕсты фӕдыл, ӕмӕ уый ссис мӕ царды иууыл ахсджиагдӕр бон. Мах иумӕ стӕм ӕрдӕгаз ӕмӕ мӕнӕй амондджынӕр адӕймаг нӕй", — дзуры Алан.

Йӕ бинонтыл цӕуы ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕй, фӕлӕ Алан йе `мкъайимӕ фидӕнмӕ кӕсынц райгӕ цӕстӕнгасӕй. Ничи сӕ хъыгдары рӕсугъд ӕмӕ амондджын цардвӕндагыл ацӕуын. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ ӕппӕт Кавказы усы скъӕфт нымад нӕ цӕуы астӕуккагзаманты баззайӕггагыл. Ахӕм хуызӕгмӕ гӕсгӕ сконд бинонтӕ арӕх вӕййынц бафӕзминаг. Ацы ӕгъдауӕн ис ныхмӕлӕуджытӕ дӕр, сӕйраджыдӕр сылгоймӕгты ӕхсӕн. Фӕлӕ цыфӕндыхуызон ма уа бинонты царды райдиан, сӕйраг дӕр у ӕмкъайдзинад ӕмӕ йӕ хъӕуы хъахъхъӕнын.

Хъайтарты нӕмттӕ ивд ӕрцыдысты сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0