Тыбылты Леонид хорзæхджын æрцыд ПМР "Сгуыхтдзинады тыххæй" I къæпхæны орденæй

© Sputnik / Пресс-служба президентаПрезидент æртыццæджы йæхимæ райста приднестроваг делегацийы.
Президент æртыццæджы йæхимæ райста приднестроваг делегацийы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент раарфæ кодта Приднестровьейæ уазджытæн æмæ сын бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Тыбылты Леонид хорзæхджын æрцыд ПМР-ы "Сгуыхтдзинады тыххæй" I къæпхæны орденæй, фехъусын кодтой Sputnik президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны президент æртыццæджы йæхимæ райста приднестроваг делегацийы йæ сæргълæууæг — хицауады сæрдары хæдивæг, ПМР-йы хицауады аппараты сæргълæууæг Александр Кисничанимæ.

Евгений Шевчук ӕмӕ Нина Штански сфӕнд кодтой сӕ цард баиу кӕнын

Бæстæйы сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн ПМР сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн. Йæ цæст сын бауарзта сабырад, банысан кодта, дыууæ республикæйæн кæй ис æмхуызон хъысмæт.

"Мах дарддæр дæр кусдзыстæм нæ æмахастытæ фидардæр кæныныл", — загъта президент.

Александр Кисничан банысан кодта, РХИ æмæ ПМР æхсæн хæларадон æмæ æмгуыстадон ахастытæ кӕй сты бирæйыл дзурæг, дыууæ бæстæты адæмы иу кæны сабырдзинад æмæ хæдбардзинады цæрыны тырнындзинад.

Абон ма Тыбылты Леонид республикæйы сырæзты боны цытæн арвыста арфæйы тел ПМР президент Евгений Шевчукмæ. Арфæйы дзырдæуы, 1990 азы 2 сентябрь кæй ссис ПМР адæмы националон иудзинады, сабырадмæ йæ тырнынады,хæдбардзинады, æмбæлон царды æмæ хуыздæр фидæны символ.

Приднестровьейы юбилейы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсдзæн хуссарирыстойнаг делегаци дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0