Фыдохы митингы Цхинвалы ссардтой беслайнаг трагедийы амæттæгты нӕмттӕ

© Sputnik / Диана КозаеваФыдохы митинг Цхинвалы
Фыдохы митинг Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы æбуалгъ трагеди ахаста æртæ сæдæ адæймагæй фылдæры цард, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ацы бонты уагъд цæуынц фыдохы мадзæлттæ.

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Цхинвалы байгом фыдохы митинг 11 азы размæ Беслæны æрцæуæг террористон акты амæттæгты рухс ном арынæн.

Цхинвалы аргъуанон фӕзуаты æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, хицауады минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Уыдон ардæм æрбахастой хъазæнтæ æмæ нуазыны дон, кæцыйæ цух уыдысты сывæллæттæ ацы æбуалгъ трагедийы бонты.

2004 азы 1 сентябры Бæслæны террористтæ бацахстой скъола æмæ æртæ боны дæргъы æнæ хæрд æмæ донæй ахæсты дардтой сылгоймæгты, зæрæдты æмæ сывæллæтты. Теракты фæстиуæгæн фæмард 334 адæймаджы, уыдон нымæцы 186 сывæллоны. Ацы бон республикæйы нымад у фыдохы боныл.

Æрвылаздæр Зонындзинæдты бон беслайнаг скъолайы уагъд цæуынц номарæн мадзæлттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0