Цхинвалы арвмӕ сауагътой 334 тымбылæджы Беслӕны трагедийы амӕттӕгты номарынӕн

Рафыссын
Ацы ӕвирхъау трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕй 186 уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

Цхинвалы Аргъуанон фæзуаты æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, хицауады минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Уыдон ардæм æрбахастой хъазæнтæ æмæ нуазыны дон, кæцыйæ цух уыдысты сывæллæттæ ацы æбуалгъ трагедийы бонты.

Трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ. Траурон музыкæмæ 334 тымбылæджы суагътой Цхинвалы сæрмæ.

Фырсыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны уагъд æрцыд литурги.

Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы фыдохы мадзæлтты Зӕдты сахары Беслæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0