ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Цхуырбаты Хазбулат арвыста арфӕйы тел Никарагуайы фӕсайрӕнӕг хъуыддӕгты министр Самуэль Сантос Лопесы номыл, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банмадтой, уыцы цауыл 7 азы сӕххӕсты цытӕн, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.
Авд азы размӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадта Никарагуа, ацы бӕстӕ уыд дыккаг УФ фӕстӕ, ахӕм уынаффӕ чи рахаста.
"Хуссар Ирыстонӕн ацы нысаниуӕгджын цау ссис сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады оххыл йӕ адӕмы тохы банымайыны ӕмӕ сӕ фарсмӕ балӕууыны акт, стӕй ӕвдисӕн у, Республикӕ Никарагуа ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл кӕй равдыста хӕдбар политикӕ", — банысан кодта Цхуырбаты Хазбулат.
Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, 3 сентябры 2008 азы ӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Никарагуайы ӕхсӕн ӕнгом ахастытӕ саразыны бындур. Министры ныфс ис, дыууӕ бӕстӕйы ахастытӕ кӕй фидар кӕндзысты сӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн.
Никарагуа Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уымӕй дыууӕ азы фӕстӕ, 2010 азы апрелы, дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ, 2011 азы июлы Никарагуайы конд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны минӕварад.
2013 азы февралы Никарагуайы ӕнтыстджынӕй ацыдысты Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы гастролтӕ.
Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Никарагуайы Тыбылты Даниель 23 апрелы 2015 азы Манагуайы ратта ӕууӕнчы грамотӕты къопитӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Самуэль Сантос Лопесӕн
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Никарагуайы ӕхсӕн фыст ӕрцыд къорд бадзырды, уыдон нымӕцы ӕмгуыстады бадзырд дӕр.