Æрмдæсны Хъотайты Шота: æхца мын ис дӕсӕм бынаты

© Sputnik / Ада БагианÆрмдæсны Хъотайты Шота
Æрмдæсны Хъотайты Шота - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Хъотайты Шота у зындгонд хъæдӕрмæгимæ архайæг, йæ куыстытæ фæлындынц бирæ хæдзæрттæ Цæгат Ирыстоны, Мæскуы æмæ Краснодары. Æрмдæсны ма уарзы бильярд. Лæууы ацы спортæй бынæттон федерацийы сæргъ æмæ йæ фæнды, цæмæй дзы архайа бирæ сывæллæттæ.

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Æрмдæсны Хъотайты Шота нымад цæуы иууыл зындгондыл Ирыстоны — куыд Хуссар, афтæ Цæгаты дæр. Йæ нывæфтыд дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, хæдзарон дзаумӕттæ дисы ӕфтауынц, чи сæ фены, уыдон. Йæ армæй рацæугæ асинтæн та схонæн ис скульптурон композици, хæдзары хæзна.

Шотайы хъæдæрмæгимæ куысты техникæ уникалоныл нымайынц куыд ирон дæснытæ, афтæ ма йын йæ куыстытæ чи федта, уыцы италиаг, туркаг æмæ гермайнаг специалисттӕ дӕр.

"Уый ницæуыл дзурæг у, аразын, цы мын уайы иууыл хуыздæр, уый. Фæйнæрдыгæй ис бирæ æвзыгъд адæм, фæлæ сæ цӕрджытӕ нæ зонынц, уымæн æмæ сын сæ куыстытимæ зонгæ не сты", — дзуры Шота Sputnik уацхæссæгæн.

Хъæдæрмæгæй куыстимæ йæ базонгæ кодта йæ фыд, кæцы уыд Ирыстоны зынгæ хъæддæсны, уый та, йӕхи рады. ацы архайдыл фæцайдагъ кодта йæ фыд.

"Иухатт мæ фыдмæ æрцыд Тбилисæй академик, кæцы цæттæ кодта егъау равдыст. Уый уыд 1975 азы. Уазæг бахатыд мæ фыдмæ, цæмæй сараза традицион ирон къæлæтджын. Фæлæ йын уæд уыцы фадат нæ уыд, æмæ загъта, цæмæй къæлæтджын саразон æз", — мысы æрмдæсны.

Шота уæд ахуыр кодта институты. Уый сцæттæ кодта къæлæтджын æнæ клеййæ, æнæ иунæг зæгæлæй.

"Академик куы æрбаздæхт йæ заказмæ, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд æмæ мын дæтта 300 сомы — уыдон уæды рæстæджы уыдысты стыр æхца. Кæй зæгъын æй хъӕуы, æз не сразы дæн. Уӕд академик загъта, зӕгъгӕ, къæлæтджыны æцæг аргъ иу мин сомæй къаддæр нæу. Æхца райстон æрмæстдæр, куы мыл сбуцтæ кодта, уый фæстæ, ома æрыгон лæппу хистæр кары адæймаджы ныхасы ныхмæ куыд цæуы", — дзуры Шота.

Фондз азы фæстæ йын æрæрвыстой журнал "Декоративное искусство"-йы номыр, цыран мыхуыр уыд ацы къæлæтджыны къам. Уый уыд йæ æвзыгъддзинады æвдисæн — ацы рауагъды фæрстыл æртæ ныммыхуыргонд куысты фадат лæвæрдтой Советон Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнгадæн.

Æхца Шотайæн лæууы "дæсӕм бынатыл". Бирæ хатт иу ын куы бахæс кодтой хуымæтæг дуар, кæнæ æндæр хæдзарон дзаума сцæттæ кæнын, уæд иу куыст бакæнгæйæ райдыдта дзаумайыл ныв æфтауын.

"Арæх, заказгæнæг иу куы ауыдта нывæфтыд элементтæ, уæд иу афæлурс, ома мæм уыйас æхца нæй. Æз иу æй уайтагъд æрсабыр кодтон, зæгъгæ уый у æнæаргъæй, мæнæй лæвар", — мидбылхудгæйæ дзуры Шота.

© Sputnik / Алексей КовалевХъотайты Шотайы куыст.
Работа Шота Котаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Шотайы куыст.

1990 азы Хуссар Ирыстоны хæст куы райдыдта, уæд Шота сфæнд кодта йæ фыды зырнтæ æмæ инструменттæ Цæгат Ирыстонмæ аласын, уымæн æмæ сын тарст гуырдзиаг хотыхджын дæлхæйтты къухтæм бахауынæй.

Цæгат Ирыстоны уый самадта æрмадз, алцыдæр цыд йæхи къухтæй. Йæ фарсмæ йын æрæвæрдта чысыл вагон, цыран цæры абоны онг дæр. Цхинвалы, йӕ фыды хæдзары æрмдæсныйæн нæдæр æрмадз ис, нæдæр куыстытæ — куыстытæ сты Цæгат Ирыстонæй, Мæскуы йæ æмæ Краснодарæй заказгæнджыты хæдзæртты.

"1995 азæй фæстæмæ мæ куыстытæй йæдзаг кæнын бирæ хæдзæрттæ, мæ хæдзары та иу цымыдисон куыст дæр нæй. Ме `мкъай, кæй зæгъын æй хъæуы, разы нæу уыцы хабаримӕ", — йæ мидбылты худы Шота.

Шота уарзондӕр рӕстӕгӕрвитӕнтӕй ма сӕ иу у бильярд дӕр. Ацы хъазтыл фæцайдагъ хæрз æвзонгæй. Æхсæвæй-бонæй уыд бильярдон залы, уæды рæстæджы та ахæм бынатæй рахизгæ фæсивæд нымад цыдысты хулигантыл.

"28 аз мыл цалынмæ нæ сæххæст, уæдмæ Советон Цæдисы иу егъау горæт дæр нал баззад, æз кæм нæ ахъазыдтæн. Цыдтæн мæ дæсниад æвдисынмæ, иннæты фенынмæ. 1988 азы райдыдтон къухфысттæ æмбырд кæнын, республикӕйы бильярды федерацийæн бындур æвæрыны тыххæй. Мæ фæндтæ мын хæст фехæлдта, фæлæ хъуыды мæ сæрæй нæ ахауд. Æхсæз азы размæ уæддæр сæххæст ис мæ фæнд æмæ нӕм фæзынд федераци", — дзуры Шота.

© Sputnik / Ада БагианШота уарзондӕр рӕстӕгӕрвитӕнтӕй ма сӕ иу у бильярд дӕр.
Краснодеревщик Шота Котаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Шота уарзондӕр рӕстӕгӕрвитӕнтӕй ма сӕ иу у бильярд дӕр.

Федерацийы бындурæвæрæг дæр æмæ президент дæр Шота йæхæдæг у, йæхæдæг бæстыхайы ауагъда хæрзарæзтадон куыстытæ. Федераци саразыны хъуыддаджы йын стыр æххуыс бакодта хæрзаудæн организаци "Фӕранк", кæцы рахицæн кодта Шотайæн бæстыхай. Шота ам ауагъта фараст турниры, уыдон нымæцы иу — скъолайон.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, бильярд æрмæст хъæлдзæг рæстæг æрвитыны бынат нæу, фæлæ спорты серьезон хуыз.

"Бильярды нæй гæнæн нуазын æмæ дымын. Уый тыххæй мæм фæхъыг бирæ цхинвайлæгтæ, уыдон нымæцы ме `мбæлттæ дӕр. Фæлæ бильярд у спорт, æмæ мæ фæнды, цæмæй йыл æвзыгъд кæной куыд фылдæр адæм, уæлдайдæр та сывæллæттæ", — дзуры Шота.

Фæнды йæ, цæмæй ахæм уагдæттæ Цхинвалы уа бирæ. Уымæн æмæ нæм культурон улæфт бакæнынæн нæй ӕмбӕлон бынæттæ.

Хаттæй хатт вæййы тынг зын æмæ йæ фæфæнды алцыдæр ныууадзын, фæлæ Шота зындзинæдтæй никуы тарст, нӕ хъавы фæстæ фæлæууын ныр дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0