Мӕскуыйаг микрорайоны хӕдзӕрттӕ фидар кӕнынц сӕ хицӕуттыл

© Sputnik / Ада БагианМӕскуыйаг микрорайон
Мӕскуыйаг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Микрорайоны цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕрттӕн ӕххӕстбарджын хицӕуттӕ суыдзысты, дӕс азы сӕ куы фӕцӕрой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.

Цхинвал, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы администраци ӕрӕвнӕлдта Мӕскуыйаг микрорайоны хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ ӕмӕ фатерты хицӕуттимӕ социалон ӕххуырсты бадзырдтӕ бафыссыны процедурӕтӕм, фыццаг рады уал бадзырдтӕ аразынц, йӕ рӕстӕгыл ӕппӕт документаци чи ӕрӕмбырд кодта, уыдонимӕ, фехъусын кодтой Sputnik администрацийы.

Мӕскуыйаг микрорайон Цхинвалы цӕгаттаг фарс арӕзт ӕрцыд 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстӕ Уӕрӕсейы хицауады финансон ӕххуысы фӕрцы. Хӕдзӕрттӕ уӕрст ӕрцыдысты 2010 азы ӕнӕ ӕмбӕлон документацийӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕрджытӕн фадат нӕ уыд сӕ хӕдзӕртты сӕхи ныффысын ӕмӕ документтӕ райсынӕн.

"Ныр ацы проблемӕ иуварс ӕрцӕудзӕн социалон ӕххуысы бадзырды фӕрцы, фӕлӕ хӕдзӕрттӕн приватизацигӕнӕн уыдзӕн, 10 азы дӕргъы сӕ куы фӕцӕрой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ", — загъта администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг, цӕрӕнуат уарыны къамисы сӕрдар Джиоты Эндрик.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн фидар ӕрцыд 18 бадзырды, иу ӕуыййас та цӕттӕ цӕуынц бафыссынмӕ.

"Ӕппӕт документтӕ кӕмӕ ис, уыдонимӕ ӕвӕстиатӕй фыст цӕуынц бадзырдтӕ. Ӕмбӕлон документаци кӕмӕ нӕй, уыдонмӕ та уадзӕм уӕлӕмхас басгӕрстытӕ. Уыцы фарстытӕ горӕты администраци иунӕгӕй скъуыддзаг кӕныны бар нӕй, рахӕсдзыстӕм сӕ республикӕйы хицауад ӕмӕ парламенты ӕмвӕзадмӕ", — банысан кодта къамисы сӕрдар.

Афтӕ ма Джиоты Эндрик бафиппайдта, зӕгъгӕ социалон ӕххуырсты бадзырдтӕ гӕнӕн ис хӕлд ӕрцӕуой цӕрджытимӕ, кӕд ӕмӕ бинонтӕ бирӕ рӕстӕг ма балидзой сӕ ног хӕдзармӕ, дӕргъвӕтин рӕстӕджы куы нӕ фидой коммуналон фиддонтӕ ӕмӕ ӕндӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ.

Ацы цауыл стыр ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты Мӕскуыйаг микрорайоны цӕрджытӕ, кӕцытӕн фадат фӕцис сӕ хӕдзӕрттӕ сӕхиуыл сфидар кӕнынӕн.

"Мӕскуыйаг микрорайоны хӕдзӕрттӕ куы уӕрстой, уӕд дзы мӕнмӕ дӕр ӕрхауд, уымӕн ӕмӕ стыр бинонтӕй цардыстӕм къуындӕг уавӕрты. Алыгъуызон къамистӕ фӕзилынц ӕмӕ хаттӕй-хатт фӕтӕрсын, мӕн дӕр мӕ хӕдзарӕй куы рарвитой. Ацы процедурӕтӕ куы райдытой, уӕд мӕ ныфс бацыд, хӕдзар кӕй сфидар кӕндзысты нӕ бинонтыл, фӕлӕ та уый дӕр рӕстӕгмӕйы бартӕ дӕтты", — радзырдта микрорайоны цӕрӕг.

Республикӕйы нырма 1700 бинонтӕй фылдӕр лӕууынц рады хӕдзӕрттӕ райсынмӕ, се ‘хсӕн — Мӕскуыйаг микрорайоны цӕрӕнуат лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ.

"Бадзырдтӕ фидар куы ӕрцӕуой, уӕд хӕдзӕрттӕм рады чи лӕууы, уыдон нымӕц дӕр фӕкъаддӕр уыдзӕн", — банысан кодта Джиоты Эндрик.

Мӕскуыйаг микрорайоны 325 цӕрӕнуаты 2010 азы министрӕдтӕ, ведомствӕтӕ ӕмӕ организацитӕ байуӕрстой, къуындӕг уавӕрты цы адӕм цард, уыдоныл. Раздӕр микрорайон уыд Цхинвалы районы дӕлбар, 2014 азы уый ӕрбаиу кодтой горӕт Цхинвалмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0