Вандалтӕ фехӕлдтой Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мемориал Аунеуы

© Sputnik / Пресс-служба КГБФыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мемориал Аунеуы
Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мемориал Аунеуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2011 азы комплексы сӕ дӕлбар ӕрбакодтой Хуссар Иры Паддзахадон ӕдасдзинады комитет ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ. Уыдон сцалцӕг кодтой мемориал ӕмӕ ӕрвылаз дӕ Уӕлахизы бон ам уагътой мысӕн мадзӕлттӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Вандалтӕ ныппырх кодтой Знауыры районы Аунеуы хъӕуы мемориалон комплекс, фехъусын кодтой майрӕмбоны Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Мемориалон комплекс баконд ӕрцыд 1980 азы. Скульптурӕйы автор у Мугуты хъӕуы цӕрӕг Чилӕхсаты Владимир. Цырт ныппырх кодтой 1991-2008 ӕзты, ацы хъӕу Гуырдзыстоны дӕлбар куы баци, уыцы рӕстӕджы.

"2 — 3 сентябры ӕхсӕв ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ ныппырх кодтой мемориалон комплекс, ахастӕуыд ӕмбонды иу хай ӕмӕ йӕ кӕрты дуӕрттӕ ", — загъта комитеты минӕвар.

Ӕдасдзинады комитет вандалты архайдтытӕ нымайы адӕмы раз фыдракӕндыл, аххосджынтӕ рӕстӕгыл хъуамӕ рабӕрӕг уой ӕмӕ сын ӕхсӕнад аккаг аргъ скӕна. Уагдон цӕттӕ кӕны куырдиат барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.

Комитеты ма банысан кодтой, 2011 азы инициативон къорд Паддзахадон ӕдасдзинады комитет ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты скондӕй кӕй сӕндидзын кодтой цырт.

Мемориалон комплексы алыварс ӕмбонд арӕзт ӕрцыд 2015 азы Стыр Уӕлахизы 70 азы юбилеймӕ. Йӕ саразын бантыст, бархийӕ адӕм цы финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой, уыцы хӕрдзтӕй. Уыцы аз ма цырт реконструкци ӕрцыд, ногӕй ныффыстой йыл, ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕй хӕстӕй цы 57 адӕймаджы нал ӕрыздӕхт, уыдон нӕмттӕ.

Ӕрвылаз ацы бынаты уагъд ӕрцӕуынц, хӕсты быдыры чи баззад, уыдон номарӕн цытджын мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0