Уазæгты Юрий: УФ-йы ныхмæ ног санкцитæ фендыгъд кæндзысты уавæр Донбассы

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæУазæгты Юрий: УФ-йы ныхмæ ног санкцитæ фендыгъд кæндзысты уавæр Донбассы
Уазæгты Юрий: УФ-йы ныхмæ ног санкцитæ фендыгъд кæндзысты уавæр Донбассы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Евроцæдис æмæ АИШ кусынц Уæрæсейы ныхмæ ног санкцитæ бакæныныл, кæд Донецк æмæ Луганск не `сразы уыдзысты бынæттон æвзæрстытæ Украинæимæ æмрæстæджы ауадзын, хъусын кæны "Коммерсант". Хуссарирыстойнаг эксперт Уазæгты Юрий нымайы, ног санкцитæ ногæй кæй фендыгъд кæндзысты уавæр Донбассы.

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. УФ-йы ныхмæ ног санкцитæ фендыгъд кæндзысты уавæр Донбассы, загъта майрæмбоны Sputnik хуссарирыстойнаг фæлгæсæг Уазæгты Юрий.

Газет "Коммерсант" фехъусын кодта, Евроцæдис æмæ АИШ кæй кусынц Уæрæсейы ныхмæ ног санкцитæ бакæныныл, кæд æмæ Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты къухдариуæгад не `сразы уой ауадзын бынæттон æвзæрстытæ 25 октябры — Украинæимæ æмрæстæджы. Рауагъд банысан кодта, Ныгуылæны фидарæй уырны, Уæрæсейæн кæй ис æгæрон æндæвдад Донбассы республикæты къухдариуæгадыл æмæ æвзæрстытæ Украинæимæ æмрæстæджы кæй нæ разы кæнынц уадзын, уый нымайы минскаг бадзырдты фехæлдыл.

"Ног санкцитæй æртхъирæнгæнгæйæ, АИШ æмæ Евроцæдис дарддæр цæуынц конфликт эскалацийы хаххыл. Уыимæ иумæ, Евроцæдис, кæй зæгъын æй хъæуы, хъазы фæндаг кæмæн амонынц, ахæмы роль, йæхи фундаменталон интерестæ ницæуыл нымайгæйæ", — банысан кодта эксперт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-æн пайда у уавæры дарддæры фæкарз.

"Уый фадат ратдзæн, Киевы йын цы "æвæрд" адæм ис, уыдон лæмæгъ позицитæ фæфидар кæнынæн. Æрмæстдæр хотыхджын операци иуырдæм аздахдзæн хъусдард алыгъуызон националистон æмæ олигархон къордты централон хицауадимæ хъаугъайæ", — загъта Уазæгты Юрий.

Уый банысан кодта, Америчы иугонд штаттæн пайда кæй у Уæрæсейы хъусдард æмæ ресурстæ иуырдæм аздахын, цæмæй Мæскуы йæ позицитæ ма сфидар кæна Æввахс скæсæны, цыран АИШ-ы тæрсынц уавæр сæ къухтæй ауадзын.

"АИШ-ы æмæ Евроцæдисы ультиматумы нысан у киеваг режимы ног æрымысгæ авантюрæйы хи сраст кæнын. Ног хотыхджын операцийæн цæмæй хæрзвадат информацион фон æрцæуа арæзт, уый тыххæй хъæуы ДАР æмæ ЛАР-ы фæаххосджын кæнын минскаг бадзырдты фехæлды æмæ уый фæстиуæгæн Порошенкойы къухтæ райхалын", — загъта уый.

Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, кæд æмæ "республикæтæ фæхатыр кæной ацы фарсты, Ныгуылæн Киевы фæрцы уæддæр ссардзæн æндæр æфсон, цæмæй фехалой архайгæ минскаг бадзырдтæ".

Украинаг хицæуттæ снысан кодтой æвзæрстытæ 25 октябрмæ. Уый æмрæстæджы, хиæсхонгæ Луганскаг адæмон республикæйы хицæуттæ бынæттон æвзæрстытæ снысан кодтой 1 ноябрмæ, ДАР-ы та уыдон уагъд æрцæудзысты 18 октябры. Украинæйы президент Петр Порошенко фехъусын кодта, Донецк æмæ Луганскы хъуамæ ма æрцæуой уагъд бынæттон æвзæрстытæ. Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты къухдариуæгад иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта, бынæттон æвзæрстытæ уагъд кæй æрцæудзысты Киевы фæндонмæ æнæкæсгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0