ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Козаты Диана. Рӕсугъд горӕт Неапольы цӕрджытӕ хуыдыг кӕнынц быроны тӕфӕй. Иудзырдӕй, неапольӕгтӕм нӕ бахӕлӕг кӕндзынӕ, ӕхсӕнад у растын ӕввонг.
Ахӕм уавӕр сӕвзӕрд Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары дӕр. Ӕрмӕст дзы иу хицӕндзинад ис — Цхинвалы бырон кӕд уынгты нӕй, уӕддӕр, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, йӕ сымаг цъусдӕр нӕ кӕлы.
Иунӕг бырондон ис Цхинвалмӕ тынг хӕстӕг, йӕ цӕгаттаг хай. Быгъдон ацы бынаты арӕзт ӕрцыд, цӕрджыты ӕмӕ санитарон службӕты хъуыды ӕнӕбахынцгӕйӕ. Полигоны уыййас бырон ӕрӕмбырд, ӕмӕ йыл коммуналон службӕты бахъуыд арт бафтауын, цӕмӕй ног быронӕн бынат расӕрибар уа. Горӕты ӕмбисыл ӕппӕрццагӕй ӕндавынц ацы "сыхагдзинады" фӕстиуджытӕ.
Микрорайон БАМ, кӕцы ис бырондонмӕ цалдӕр сӕдӕ метры дӕрддзӕф, цӕры Тыбылты Нази. Уымӕн зын у фатерӕй бынмӕ ӕрхизын, цӕмӕй аулӕфа сыгъдӕг уӕлдӕфмӕ — уый фадат ын ис ӕрмӕстдӕр тыргъы. Фӕлӕ йын ныр уый гӕнӕн дӕр нал ис.
"Тыргъмӕ куы рахизын, уӕд быроны тӕфӕй хуыдыг кӕнын. Сыгъдӕг уӕлдӕф сулӕфыны кой ма чи кӕны, нӕ рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ нӕ кӕнӕм, хатӕнтӕ сымагӕй байдзаг вӕййынц. Ахӕстӕтты цард кӕнӕм. Нӕ сыхӕгтӕ дӕр хъаст кӕнынц", — дзуры уый.
Дыууӕ сабийы ныййарӕг Ӕрсойты Милена тӕрсы йӕ сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадӕн, уымӕн ӕмӕ бырондонӕй цӕуы хъӕстӕ уӕлдӕф.
"Мӕ сабиты ӕнӕниздзинадыл тыхсын, уымӕн ӕмӕ уыдон улӕфынц хъӕстӕ уӕлдӕф. Зымӕг ӕй афтӕ тынг нӕ хатӕм, фӕлӕ сӕрды уынгмӕ нӕ рахиздзынӕ", — загъта Милена.
Куыд Неапольы цӕрджытӕ, афтӕ цхинвайлӕгтӕ дӕр хӕссынц фиддонтӕ, цӕмӕй бырон утилизаци цӕуа. Уымӕ гӕсгӕ барджын сты, цӕмӕй горӕты службӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсой исты мадзӕлттӕ райсынмӕ. Фӕлӕ хъуыддаг ныхӕстӕй дарддӕр не змӕлы. Адӕмы бирӕнымӕц куырдиӕтты фӕстӕ горӕты администраци ныфс радта, бырондон кӕй сӕхгӕндзӕндзысты ӕмӕ сараздзысты ног полигон. Уый та уыдзӕн горӕтӕй дард, санитарон домӕнтӕм гӕсгӕ.
Ацы хабары тыххӕй бирӕ фыстой бынӕттон дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ. Проблемӕмӕ сӕ хъусдард аздӕхтой парламенты депутаттӕ дӕр, фӕлӕ фӕстиуджытӕ нырма нӕй.
Ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн ссарын хъӕуы бырондоны ног бынат. Фӕлӕ уӕд коммуналон службӕты бырон ласын бахъӕудзӕн дард ранмӕ, уыдон та сты уӕлӕмхас хӕрдзтӕ.
Цхинвалы районы администрацийы хистӕр Плиты Алан фехъусын кодта Sputnik, ацы фарстыл кӕй кусы ӕмӕ мэрияйӕн кӕй бавдыстӕуыд цалдӕр бынат.
"Горӕты администраци бырондоны фидӕны бынӕттӕй иу банымадта горӕтмӕ хӕрз ӕввахсыл, аннӕмӕ та, зӕгъгӕ, зымӕгон рӕстӕг хӕдтулгӕтӕ зынӕй цӕудзысты. Фыццаг хъуыды кӕд раст у, уӕд дыккаг та у хъаугъайаг", — загъта Плиты Алан.
Районы администраци ма федта ноджы цалдӕр бынаты, фӕлӕ мэрия уыдон дӕр банымадта дардыл, зӕгъгӕ, сӕм бырон ласын зынаргъ уыдзӕн. Районы сӕргълӕууӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы уавӕры хынцын хъӕуы хӕрдзтӕ нӕ, фӕлӕ цӕрджыты ӕнӕниздзинад.
Цхинвалы мэр Ӕлборты Алан фехъусын кодта Sputnik, ӕввахс рӕстӕджы кӕй ӕрывналдзысты полигоны бырон ӕвзарын ӕмӕ пресс кӕнынмӕ.
"Мах уӕрӕсейаг фирмӕимӕ сарӕзтам бадзырд. Уыдон бырон ныддихтӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ласдздзысты республикӕйӕ ӕддӕмӕ. Уый фӕрцы бырон фӕкъаддӕр уыдзӕн", — загъта Ӕлборты Алан.
Фӕлӕ нырма бырон фӕстӕмӕ ласынц зӕронд полигонмӕ. Мэрияйы ныфс ис, ацы мадзӕлттӕ кӕй фӕрог кӕндзысты бырондоны ӕппӕрццаг ӕндӕвдад цӕрджытӕ ӕмӕ ӕрдзыл. Уымӕй дарддӕр ма горӕты хицӕуттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй бырондоны бынат равзарыны тыххӕй Цхинвалы район, Фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл цӕстдарды комитет ӕмӕ Ӕрдзон ресурсты комитет сӕ хъуыдытӕ зӕгъой.