Арешев: Хуссар Иры делегацийы депортаци дзурæг у Кишиневы æнæадекватондзинадыл

© Sputnik / FacebookАрешев Андрей
Арешев Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг эксперт радта комментаритæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегациты Молдовайæ депортацийы фæдыл. Уыдон фæцæйцыдысты Приднестроваг Молдоваг республикæйыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад исынмæ.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Молдовайы къухдариуæгад равдыста йæ æнæадекватондзинад, Приднестроваг Молдоваг республикæйыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад исынмæ цы хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг делегацитæ фæцæйцыдысты, уыдон фӕстӕмӕ куы сдепортаци кодтой, уыцы цауӕй. Уый тыххæй къуырисæры фехъусын кодта Уæрæсейаг зонæдты академийы Ныгуылæнзонынады институты Кавказ æмæ Централон Азийы центры эксперт Андрей Арешев.

Молдовайы къухдариуæгад депортаци сарæзта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегациты Молдовайæ. Уыдон фæцæйцыдысты Приднестроваг Молдоваг республикæйыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад исынмæ.Республикæты минæвæрттæн æрæхгæдтой Молдовамæ бацæуыны бар 10 азы æмгъуыдмæ.

"Фæстаг азты Молдовайы хицæуттæ æвдисынц æнæадекватон ахаст æрмæст хуссарирыстойнаг минæвæртты æрдæм нæ, фæлæ ма уæрæсейаг экспертты æрдæм дæр. Уый баст у æндыгъд мидæггагон уавæримæ æмæ приднестровьейы алыварс уавæр кæй фæкарздæр, уыимæ", — банысан кодта эксперт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кишиневы архæйдтытæн банымайæн ис, куыд "æнæадекватондзинады демарш".

Ног хабӕртты лентӕ
0