Цхинвалы транспортон цауы фæстиуæгæн фыдбылызæй аивæрзт цыппараздзыд сывæллон

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвалы транспортон цауы фæстиуæгæн фыдбылызæй аивæрзт цыппараздзыд сывæллон
Цхинвалы транспортон цауы фæстиуæгæн фыдбылызæй аивæрзт  цыппараздзыд сывæллон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уынгты нæй цæстдарыны камерæтæ. Уый та хъыг дары фæндагон транспортон цауты аххосджынты рабæрæг кæнын.

ЦХИНВАЛ, — 8 сен, Sputnik, Хъотайты Мария. Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн къуырисæры Цхинвалы фыдбылызæй аивæрзт цыппараздзыд сывæллон. Сæры цæфтимæ уый баскъӕфтой республикон рынчындонмæ.

"Чысыл пациентæн йӕ ныхыл сæвæрдтой æртæ хуыды, бахъыгдард æрцыд йæ фындз дæр. Сывæллоны æмæ йæ нанайы æрбакодтой къуырисæры тагъд æххуысы машинæйыл. Сылгоймаг аварийы фæстиуæгæн нæ бахъыгдард, фæлæ сывæллон баззайдзæн рынчындоны, цалынмæ йæ уавæр нӕ фæхуыздæр уа", — загътой Sputnik рынчандоны исæн хайады.

Авари æрцыд Джиоты Аланы проспект æмæ Хъоцыйы фырты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым. "Мерседес" балæгæрста ВАЗ-2107 маркæ хæдтулгæйыл. Цауы бынатмæ æвиппайды æрæмбырд бирæ адæм, уайтагъд бынаты февзæрдысты паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ дӕр. Цасдӕр рӕстӕг бæрæг кодтой аххосджыны. ВАЗ-2107-ы шофыр, ацæргæ таксист, йӕ цæф русыл хӕцгӕйӕ тарстæй дзырда, кæй нæ фехæлдта фæндагон уагæвæрд æмæ цыд "йæ фæндагыл".

"Фæцæйцыдтæн хæдтулгæйы ме`мкъай æмæ мæ хъæбулы хъæбулимæ. Уæдмæ машинæйы фарс ныццавта "Мерседес". Фæндагон фæтк нæ фехæлдтон, уымæн æмæ цыдтæн сæйраг фæндагыл", — мæт кодта ацӕргӕ нæлгоймаг.

Баййафгæ цæфæй хæдтулгæйы аппæрста газонмæ.

"Мерседес"-ы шофыр та дзырдта аннæрдæм. Аххосджын рабæрæг кæныныл ацыд бирæ рæстæг — Цхинвалы уынгты нæй цæстдарыны камерæтæ.

Паддзахадон автоинспекцийы Sputnik загътой, цæстдарыны камерæтæ кæй нæй æвæрд горæты уынгты, уый фæндагон-транспортон цауты рæстæджы къуылымпы кæны аххосджыны рафæлгъауыны хъуыддаг.

"Камерæтæ лæууынц æрмæстдæр горæтмæ бацæуæны, ТЭК-ы районы. Горæтæн йæхимидæг камерæтæ æвæрд кæй нæй, уый къуылымпы кæны аххосджыны рафæлгъауын æмæ цауы бынатæй протокол саразын", — загъта Паддзахадон автоинспекцийы управленийы сæргълæууæг Цхуырбаты Эльбрус.

Барадхъахъхъæнæн органтæ фæпайда кæнынц стыр дуканиты, кафеты æмæ административон уагдæтты цæстдарыны камераты æрмæджытæй.

Ацы аварийы милицийы кусджытæ аххосджыныл нымайынц "Мерседес"-ы шофыры.

"Мерседес"-ы шофыр, хæдтулгæ æнæ æруромгæйæ, рахызт сæйраг фæндагмæ, цæй фæстиуæгæн гуымирæй фехæлдта фæндагон уагæвæрд æмæ балæгæрста ВАЗ-2107-ыл. Уый хъуамæ фæндаг радтаид ВАЗ-2107-æн", — бамбарын кодта Цхуырбаты Эльбрус.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ цæттæ кæнынц документтæ тæрхондонмæ, цыран рабæрæг ӕрцæудзæн аххосджын фарс.

Фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц фæндагон уагæвæрд фехалыны ӕмӕ авариты нымӕц. Арӕх ма сты хӕдтулгӕйы нозтджынӕй скъӕрыны цаутӕ дӕр. Ӕрвылаз дӕр фæндагон-транспортон цауты амӕттаг бавӕййынц дӕсгай адӕймӕгтӕ, сӕ фылдӕр — ӕвзонг фӕсивӕд.

Паддзахадон автоинспекци у ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахатыд шофыртӕм, цӕмӕй арӕхстджындӕр уой фӕндӕгтыл, ист цӕуынц карз мадзӕлттӕ дӕр, фӕлӕ уый уавӕр хорзӕрдӕм нӕ ивы.

Ног хабӕртты лентӕ
0