ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Хъахъхъæныныды æмæ мидхъуыддæгты министрæдты сылгоймæгты къордтæ фыццаг хатт хайад райсдзысты Республикæйыл 25 азы сæххæсты цытæн æфсæддон парады, фехъусын кодтой Sputnik РХИ-ы Хъахъхъæнынады министрады.
Æфсæддон парад уагъд æрцæудзæн 20 сентябры, Республикæйы боны. Хайад дзы райсдзысты 700-йæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ.
"Парады хайад райсдзысты РХИ-йы гарзджын тыхты, Уæрæсейаг æфсæддон базæйы æмæ УæрæсейыФСБ-йы Арæнгæрон управленийы, Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы, Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады æфсæддонты парадон къордтæ", — загъта пресс-службæйы къухдариуæггæнæг Гуыцмæзты Галина.
Æрвылбонон репетицитæ уагъд цæуынц 4-æм æфсæддон базæйы территорийыл Цхинвалы. Генералон репетици уагъд æрцæудзæн 16 сентябры.