Мэрия: йæ 25 азыл республикæ хъуамæ фембæла рæсугъдæй

© Sputnik / Ада БагианДжиоты Аланы проспект
Джиоты Аланы проспект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы 25 азы цытæн горæты мэрия расидт акци "Сыгъдæг горæт". Уымæн фæстиуджытæ арæзт æрцæудзысты бæрæгбонæй дыууæ бон раздæр.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Козаты Диана. Цалдæр къуырийы фæстæ республикæ банысан кæндзæн сæйраг бæрæгбонтæй сæ иу — республикæйы сырæзты 25 азы бон. 20 сентябрь республикæйы алыхатт дæр нысан цæуы уæрæхæй, ацы аз дæр нывæзтгонд сты алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ.

Мадзæлтты сæйраг хай традицион æгъдауæй ацæудзӕн хуссарирыстойнаг столицæ — Цхинвалы. Горæт йæхи цæттæ кæны ацы бæрæгбоныл фембæлдмæ, æрвылбондæр уынгты фенæн ис Хæрзарæзтадон комбинаты кусджыты, кæцытæ æфснайынц уынгтæ, садзынц æмæ донхæрæг кæнынц дидинтæ. Уæлдай хъусдард здæхт цæуы Цхинвалы центрмæ.

"Æрвылбондæр сæумæрайсомæй мах рахизæм горæты уынгтæм, цæмæй йæ бафснайæм æмæ йæ бæрæгбонмæ бацæттæ кæнæм. Бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ æмæ республикæйы цæрджытæ горӕт хъуамæ феной рæсугъд æмæ сыгъдæгæй", — дзуры Хæрзарæзтадон комбинаты кусæг.

Мэрияйы Sputnik загътой, æрмæст хæрзарæзтадон кусджыты тыхтæ кæй не сты фаг, уымæ гæсгæ горæт æмæ сæ хæдзæртты алыварс территоритæ бафснайын хъуамæ феххуыс кæной цæрджытæ сæхæдæг дæр.

Горæты хицæуттæ аскъуыддзаг кодтой ауадзын конкурсон акци "Сыгъдæг горæт". Мэрия ныфс æвæры, цхинвайлæгтæ дзы кæй райсдзысты активон хайад, æмæ уый та хорзӕрдæм бандавдзæн горæты ӕддаг бакастыл. Администраци райдыдта исын бавдысттæ горæты районтæй, инициативон къордтæй, кæцыты фæнды хайад райсын акцийы. Акцийы кæрон, 18 сентябры, жюри азилдзæн ацы бывдыстты фæдыл æмæ сæ хæдзæртты алыварс территорийы æфснайдæн скæндзæн æмбæлон аргъ.

"Мах снысан кодтам жюрийы сконд дæр, цыран сты горæты администрацийы æмæ дзыллæйады минæвæрттæ. Аргъ кæндзыстæм уынджы территорийы санитарон уавæрæн, спортивон æмæ сывæллæтты фæзуаты уавæрæн. Афтæ ма газонтæ, къутæрты æмæ бæлæсты бакастӕн дæр", — фехъусын кодта администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъазиты Хатуна.

Цхинвайлаг Наниты Лена нымайы, ахæм акцитæ арæхдæр уадзын кæй хъæуы, горæты цæрджыты разæнгард кæнын горæт æфснайдæй дарынмӕ.

"Афтæ зын нæу кæртмæ рахизын æмæ йæ расыгъдæг кæнын. Мах нæхæдæг аразæм нæ уынгтæй бырондæттæ, уым та хъазынц нæ сывæллæттæ. Ничи æрбацæудзæн æмæ нæ бæсты ничи бафснайдзæн нæ хæдзæрттæ. Уымæ гæсгæ алчидæр хъуамæ хайад райса ацы акцийы", — загъта уый.

Æфснайдæн аргъ цæудзæн иуæй дæсы онг шкаламæ гæсгæ, йæ фæстиуджытæ мыхуыр æрцæудзысты бынæттон массон информацийы фæрæзты. Уæлахиздзаутæм æнхъæлмæ кæсынц призтæ æмæ лæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0