Безруков: титулярон уынаффæгæнæджы роль зындæр у сæххæст кæнын Есенины ролæй

© Sputnik / Михаил ХасиевСергей Безруков
Сергей Безруков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ"-йы фæлгæтты æмæ Хуссар Ирыстоны минæвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыры ахъазæй Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд кино æмæ театры артист Сергея Безруковы аивадон изæр.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Сергей Безруковы сфæлдыстадон изæр хуссарирыстойнаг столицæйы æрбамбырд кодта йедзаг зал. Артисты сфæлдыстады табугæнджыты æхсæн уыд Sputnik уацхæссæг дæр.

Уæрæсейаг актеры аивадуарзджытӕй цæмæй алкæйдæр бынат фæуыдаид, уый тыххæй киноконцертон зал "Чермен"-ы бахъуыд уæлæмхас бандæттæ сæвæрын. Сценæмæкæсæгимæ ныхас цадæггай ахызт актеры уарзондӕр поэттӕ Пушкин æмæ Есенины æмдзæвгæтæ кæсынмæ. Уый афтæ æнгасджын у, æмæ сценæмæкæсæг æнкъары уацмысты атмосферæ. Алкæцы æмдзæвгæ æмæ поэмæ дæр свӕййы чысыл спектаклы хуызӕн. Безруков хъазгæ нæ кæны. Уый æнкъары генийты монон тæнтæ æмæ сæ æвдисы йæ цæстæнгас æмæ хъæлæсы тембрæй.

Артист нысаниугджыныл банымадта, цæмæй сценæмæкæсджытæ йемæ кæсой æмдзæвгæтæ æмæ зарой зарджытæ. Цалынмæ сценæйыл ис, уæдмæ дзы нæй паузæтæ æмæ æнӕарæхст сабырдзинад, уый изæр уадзы иу сулæфтыл. Зарджытæ, æмдзæвгæтæ æмæ залæй фыстæджытæ кæсын кæрæдзи ивынц. Серьезон уацмысты фæстæ сценæйæ радæтты юмор.

Дунейыл зындгонд артистæн æхсызгон хабар ссис Хуссар Ирыстоны адæмон артисты ном ын лæвæрд кæй æрцыд, уый. Ацы цытджын хорзæх Безруковӕн балæвар кодта президент Тыбылты Леонид.

Безруков банысан кодта, республикæйы адæмон артисты ном ыл кæй æвæры хæс, цӕмӕй 2016 азы республикӕмӕ æрласа Мæскуыйаг губернон театры труппæ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмтеатры ног арæзт бæстыхайы сæвæра фыццаг спектакль.

© Sputnik / Михаил ХасиевСергей Безруков
Сергей Безруков  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сергей Безруков

Йæ æндыгъд графикы рæстæг кæй ссардта Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынæн, уый тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы минæвары хæдивæг.

"Артист залæй куыд у ныфсджын, афтæ зал дæр исы позитив артистæй. Ӕгӕрыстӕмӕй ма акъопты дӕр æфсæддонты хъæбатырдзинад фæфидар вæййы патриотикон зарджыты зæлтæй, уыдон нымæцы ис зарæг "Березы" дӕр", — загъта дипломат.

Актер сæххæст кодта уæрæсейаг бардты зарджытæ. Залæ бирæнымæц курдиæттæм гæсгæ гитарæимæ акодта Высоцкийы зарджытæ дӕр.

Йе ‘сфæлдыстадыл дзургæйæ, артист банысан кодта, 1 январы кинопрокаты кæй рацæудзæн "Млечный путь", цыран уый сæххæст кодта сæйраг роль.

"Ацы кино у рагон советон кинойы раздæхт. Ахæм киноныв нæм рагæй нал уыд", — загъта уый.

Гергиты Лариса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ" ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнӕрхъӕцӕй

Уымæй дарддæр ма Безруков кусы Гоголы уацмыс "Записки сумасшедшего"-йы хъайтар Поприщины ролыл. Уый раргом кодта, хуымæтæг титулярон уынаффæгæнæг Поприщины роль бирæ зындæр кæй у сæххæст кæнын Есенины ролæй.

Безруков уарзы кинойы йæхиуыл эксперименттæ æвæрын. Æмхуызон æнтыстджынæй сæххæст кодта бандит Саша Белыйы роль "Бригада"-йы æмæ фадыгон милицийы кусæджы роль "Участок"-ы.

Фæлæ артист не `мбæхсы, йæ хæдзар кæй у театр. Йæ цард æмæ театрæн нæй фæхицæнгæнæн. Ныртæккæ Безруков лæууы Мæскуыйаг губернон театры сæргъ, цыран цæттæ кæны ног æрыгон театралон труппæ.

Безруков Цхинвалмæ æрцыд Гергиты Ларисæйы 10-æм Æхсæнадæмон фестивалы фæлгæтты, кæцы уагъд цæудзæн 10-30 сентябры Цæгат Ирыстоны.

Уæрæсе, Украинæ æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, Цæгатирыстойнаг паддзахадон театры къухдариуæггæнæг Гергиты Ларисæ радзырдта, фестивалы фыццаг бон кæй байгом уыдзæн Цæгат Ирыстоны театр æмæ балеты сценæйыл, уым сæ дæсниад равдисдзысты ахæм курдиæттæ, куыд Денис Мацуев, 13-аздзыд пианист-вундеркинд Александр Малофеев, афтæ ма Германи æмæ Америчы иугонд штаттæй оперон зарæггæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0