Гæбæраты Инал: Хуссар Ирыстон схъомыл кæндзӕн зынгæ дзюдоистты

© Sputnik / Ада Багиан Хуссар Ирыстоны иунæг дзюдойы скъола
Хуссар Ирыстоны иунæг дзюдойы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны иунæг дзюдойы скъолайæн тренер Гæбæраты Инал бындур æрæвæрдта йæ райгуырæн Знауыры районы. Дæс азы мидæг скъолайæн бантыст бирæ.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Дæс азы размæ Гæбæраты Инал сфæнд кодта йӕ райгуырæн поселок Знауыры дзюдойы скъола саразын.

Хуссар Ирыстон дунейæн радта бирæ зынгæ богалтæ, футболисттæ ӕмӕ уæззау атлеттæ, кæцытæ хайад истой Олимпиаг хъæзтыты.
Фæлæ нæм дзюдо афтæ размæцыд нæ уыд. Ацы фадат бынтондæр нæ бахъыгдардта Иналы, куы сфæнд кодта республикæйы иунæг дзюдойы скъола Цхинвалы нæ, фæлæ йӕ райгуырæн Знауыры районы саразын.

"Спорт уарзын чысылæй фæстæмæ. Мæ фыд уыд уæгъдибар хъæбысæйхæцæг æмæ йын йæ рæстæджы бирæ бантыст. Махæдæг рæгмæ фæцайдагъ дæн спорты ацы хуызыл æмæ мын ницы æнтыстытæ уыд. Уымæ гæсгæ мæ фæндыд сывæллæтты дзюдойыл фæхæст кæнын, цæмæй сын сæ сабийы бонты уа æмбæлон уавæртæ тренировкæтæн", — дзуры Инал Sputnik.

Йæхи æнтыстыты тыххæй æфсæрмæй ницы дзуры. Инал у спорты дæсны дзюдойæ æмæ æфсæддон æмбуар хъæбысхæстæй, йæ хыгъдыл иу æмæ дыууæ уæлахиз нæй Æппæтуæрæсейаг турнирты.

© Sputnik / Ада Багиан Тренер Гæбæраты Инал.
Основатель Знаурской школы дзюдо Инал Габараев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренер Гæбæраты Инал.

Фæлæ йæ сæйраг цардыхæсыл нымайы æрыгон спортсменты хъомыл кæнын. Хорз зонгæ йын уыд, куыд ахсджиаг у æрыгон спортсменты тренировкæтæн æмбæлон уавæртæ. Уымæ гæсгæ хъуыддагмæ бацыд бындуронæй.

Фыццаг къахдзæфтæ

2005 азы Инал бацыд районы администрацимæ æмæ бахатыд, цæмæй йын радтой компартийы райкомы раздæры агъуысты хай. Иналæн ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддаджы сарæзтой йæ къух.

Куыст бирæ уыд — агъуыст уыд æдзæллаг уавæры, сæрмагонд тыхтæ фаг нæ уыдысты уый æмбæлон уагмæ æркæнынӕн. Фæрæзтæй йын баххуыс кодта хæрзаудæн организаци "Фæранк".

Ныр ацы бæстыхай зынбазонӕн у. Йе ‘ддаг къултæ ногæй байсæрстой æмæ мидæгæй бакодтой хæрзарæзтадон куыстытæ. Райкомы актон залæй рауад уæрæх æмæ райдзаст тренировкæгæнæн зал. Ис дзы æнæмæнгхъæуæг ифтонггарз.

Скъолайы ма архайы аивадон гимнакстикæйы секци, ис дзы æнæаргъ тренажерон зал. Дыккаг уæладзыгыл ис уазæгдон. Спонсорты алы сом дæр хардз æрцыд пайдаджынæй.

"Куыддæр скъола байгом, афтæ нæм æрбагуылф кодтой бирæ сывæллæттæ — 60 фылдæр. Тренировкæтæ уыдысты физикон культурæйы урокты хуызæн. Уыдтæн иунæг тренер, куыст домдта бирæ нервтæ æмæ тыхтæ", — мысы тренер.

Ис, цæмæй уæм сæрыстыр

Фæстæдӕр хъомылгæнинæгты нымæц фæкъаддæр — кæмæндæрты дзюдо сæ спорты хуыз нæ разынд, кæмæндæрты зын уыд центрмæ районы æндæр хъæутæй цæуын.

Ныртæккæ скъолайы архайынц 30 æрыгон дзюдоисты. Инал иунæг тренер нал у — йæ хъомылгæнинæгтæй дыууæйæ рацыд фæлтæрд спортсментæ æмæ кусынц ацы скъолайы тренертæй. 10 азы куысты мидæг скъола схызт бæрзонд æмвæзадмæ.

© Sputnik / Ада Багиан 10 азы куысты мидæг скъола схызт бæрзонд æмвæзадмæ.
Школа дзюдо в Знаурском районе РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
10 азы куысты мидæг скъола схызт бæрзонд æмвæзадмæ.

Гæбæраты Иналы хъомылгæнинæгтæй дыууæйæ — Джиоты Аслан æмæ Багаты Роин — архайынц Уæрæсейы юниорты æмбырдгонды. Аслан схызт æхсæнадæмон æмвæзадмæ, архайдта Европæйы чемпионаты æрыгæтты æхсæн УФ-йы æмбырдгонды сконды.

Ацы азы онг уыдон архайдтой УФ-йы регионты командæты сконды, фæлæ æрæджы УФ æмæ РХИ-йы дзюдойы федерацитæ бадзырдтой, цæмæй спортсментæ ерысты архайой республикæйы номæй.

"Ацы аз нæ хъомылгæнинæгтæй дыууæйæ фыццаг хатт архайдзысты Хуссар Ирыстоны номæй Уæрæсейы. Ома, регионалон æмвæзадыл ерысты мах архайдзыстæм Хуссар Ирыстоны тыххæй. Кæд æмæ нæ спортсменты къухты бафтой æнтыстытæ, уæд уыдон архайдзысты зылды тыххæй дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй дæр. Фæлæ Уæрæсейæ дарддæр турнирты мах уыдзыстæм УФ-йы æмбырдгонды сконды", — дзуры Инал.

"Фæнды мæ дзюдойы уæвын, куыд Месси — футболы"

Скъоламæ цæуынц æвæлтæрд æмæ фæлтæрд фæсивæд дæр. Ногæй æрбацæугæтæн тренировкæтæ вæййы æрвылбон, аннæтæн та къуыри æртæ хатты.

Кобаладзе Къахайыл цæуы 15 азы, дзюдомæ цæуы фондз азы. Хайад райста дыууæ æхсæнадæмон турниры, бацахста сæ фыццаг æмæ æртыккаг бынæттæ.

"Мæхи барын Тменты Тамерланмæ. Фæнды мæ ахæм бæрзæндтæм схизын. Хорз æмбарын, уый тыххæй кæй хъæуы егъау уды тых, уымæ гæсгæ мæхиуыл кусын æппæт тыхтæй", — дзуры йæ фӕндты тыххæй Къаха.

Æлборты Джабойыл цæуы æрмæстдæр дæс азы, фæлæ архайдта цалдæр турниры, тренеры хъуыдымæ гæсгæ йын ис стыр перспективæтæ.

"Хъавгæ архайд ӕнтыстытæн æххуысæй дарддæр ницы у. Фæнды мæ, цæмæй мæ къухты бафта, цыдæриддæр гæнæн ис, уыдон. Фæнды мæ дзюдойы уæвын, куыд Месси — футболы", — худгæйæ дзуры сывæллон.

© Sputnik / Ада Багиан Æлборты Джабойыл цæуы æрмæстдæр дæс азы, фæлæ архайдта цалдæр турниры.
Школа дзюдо в Знаурском районе РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æлборты Джабойыл цæуы æрмæстдæр дæс азы, фæлæ архайдта цалдæр турниры.

Æрмæстдæр афтид энтузиазмыл

Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, скъолайæн нæй турнирон фæлтæрддзинад. Скъола йæхæдæг уадзы тренивовкæгæнæн æмбырдтæ, уырдæм æрцæуынц Цхинвалæй, æндæр районтæй æмæ ма Цæгат Ирыстонæй дæр. Уазджытыл æмбæлдысты сæхæдæг, бынат сын ссардтой скъолайы цур уазæгдоны. Фæлæ республикӕйӕ ӕддӕмӕ ацыдтæ бирæ не сты, афтӕмӕй та хъæуы иууыл къаддæрæй мæй дыууæ хатты.

"Ныртæккæ мах кусæм афтид энтузиазмыл. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет нын æххуыс кæны тренертæн куыстмыздты æмæ организацион фарстыты", — дзуры Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Фæранк"-æй дарддæр æндæр спонсортæм нæ бахатыд, фӕлӕ хорз уаид, спорсортӕй исчи скъолайӕн куы феххуыс кæниккой.

Гæбæраты Инал фидарӕй дзуры, тренер, уæлдайдæр та дзюдойæ, хъуамæ æнæрлæугæйæ куса йæ размæцыдыл, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæн дæтта ног фадæттæ, ахъаз кæна сæ спортивон рæзтæн.

"Хуссар Ирыстоны ис бирæ тренертæ, фæлæ æцæг специалисттæ бирæ не`сты. Æнæмæнгхъæуæг у алыгъуызон семинарты хайад исын. Дзюдо иу бынаты нæ лæууы, техникæ ивы дуджы цыдимæ", — дзуры уый.

Инал йæхи фæрæзтæй ацæуы семинартæм, цæмæй зона ногдзинæдтæ æмæ дунейæ "фæстæдæр ма аззайа".

Тренер у æнæгуырысхо, Хуссар Ирыстонæн фадат кæй ис схъомыл кæнын зынгæ дзюдоистты, куыд уæгъдибар хъæбысæйхæцджытæ æмæ футболистты.

Ног хабӕртты лентӕ
0