Хуыбиаты Соня: Хуссар Иры динон сектæтæ сæхимæ сайынц фæсивæды

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæДинон сектæтæ
Динон сектæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны динон сектæты архайд æппæрццагæй æндавы æхсæнады цардыл, уымæй дарддæр ма сæ архайд республикæйы территорийыл у æнæзакъонон, загъта Хуыбиаты Соня.

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цы динон сектæтæ ис, уыдон радтæ фæстаг æзты кæнынц æвзонгдæр, уый та мæты æфтауы къухдариуæгад æмæ æхсæнады, загъта Sputnik Дины хъуыддæгты фæдыл республикæйы президенты æххæстбарджын минæвар Хуыбиаты Соня.

Мæскуыйы полицийы кусджытæ 10 сентябры æрцахстой секта "бог Кузя"-йы организатор æмæ йæ æххуысгæнджыты. Разынд сæм 43 милуан сомы æмæ 100 мин доллары æхца. Мæскуыйаг полици хъавы ахæсты бакæнын сектæйы сæргълæууæджы, баконд æрцыд фæлывдмийы фæдыл уголовон хъуыддаг.

"Кæд раздæры азты динон сектæтæм цыдысты карджын адæм, кæцытæй бирæтæ фесæфтой се `ввахс адæмы хæсты рæстæджы, уæд ныр та сектæты фæзынд бирæ фæсивæд. Уый стыр мæты æфтауы республикæйы къухдариуæгады æмæ не ‘хсæнады", — загъта Хуыбиаты Соня.

Уый бамбарын кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл официалон кæй у æрмæстдæр рæстдинон дзуар, кæцыйæн ис Юстицийы министрады регистраци.

"Уымæй дарддæр ма нæ республикæйы территорийыл 1990 азæй архайынц сектæтæ, кæцытæ не сты регистраци Юстицийы министрады, æмæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ сæ архайд у æнæзакъонон. Сæ архайд æрæхгæнын у барадхъахъхъæнæн органты хæс, фæлæ уыдон ацы фарсты не `ххæст кæнынц сæ куыст", —банысан кодта президенты æххæстбарджын минæвар.

Хуыбиаты Соня банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кæй архайы егъау сектæтæ "Свидетели Иеговы" ӕмӕ "пятидесятниктæ", ис дзы къаннæгтæ дæр — "баптисттæ" ӕмӕ "Адвентисты седьмого дня".

"Сектæ "Свидетели Иеговы"-йæн ис америкæйаг ратæдзæн, йæ центр ис Америчы иугонд штатты. Ацы сектæйы баиугæндтæ æппæт дунейы æхцайæ ифтонг цæуынц ацы центры уылты, уыдон нымæцы сæ хуссарирыстойнаг баиугæнд дæр. Кæцыдæр уæрæсейаг регионты сектæйы архайд æрцыд æхгæд тæрхондоны уынаффæйæ, сæ литературæ нымад æрцыд экстремистоныл. Фæлæ ацы литературæ сæрибарæй "тезгъо" кæны Хуссар Ирыстоны", — загъта Хуыбиаты Соня.

Уый банысан кодта, кæй æрцыд рæстæг сектантон организациты ныхмæ маддзæлттæ райсынæн закъондæттæн æмвæзадыл, уымæн æмæ сæ архайд хæссы æппæрццаг нысаниуæг.

"Сектæтæ хъазынц ахсджиаг роль Украинæйы цауты, уыдон активон хайад истой уымы æрцæугæ "оранжхуыз революци"-йы. Уымæй дарддæр ма уыдон æмбырд кæнынц æхцайы фæрæзтæ Новороссийы ныхмæ хæцæг националисттон къордтæн", — банысан кодта Хуыбиаты Соня.

Раздæр куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ "бог Кузя" æмæ йæ адепттӕм басгæрсты рæстæджы æхцайæ дарддæр разынд "спецификон литературæ æмæ экзотикон цæрæгойтæ, кæцыты дардтой æнæмбæлон уавæрты".

Ног хабӕртты лентӕ
0