Хуссар Ирыстоны Знауыры район нымад цæуы иууыл æнтыстджындæрыл хъæууонхæдзарадон фадыджы. Ам тыхджын сты сæндондарыны, дыргътæ æмæ халсар хъомыл кæныны традицитæ. Фæстаг рæстæджы ам æнтыстджынæй кусынц фермерон хæдзарадтæ, дыргъдÆттæ æмæ хъæрмуаттæ. Уымæй дарддæр ма районы, ис бирæ историкон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ.
Хуссар Ирыстон ӕввахс базонынӕн, йӕ историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ, географион хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ алӕмӕттаг бынӕттимӕ базонгӕ кӕнынӕн республикӕ хъуамӕ ацӕуай раст ӕмӕ цӕхгӕрмӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ территори егъау нӕу, уӕддӕр бахъӕудзӕн цалдӕр къуырийы.
Фылдӕр хатт та Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ уазджытӕн активон улӕфтӕн вӕййы иу- дыууӕ боны.
Туристтӕн феххуысы нысанӕн мах бацӕттӕ кодтам фенддаг бынӕтты къамты лентӕ.
Абоны маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ районон центр Знауыры онг — Дзагъина, Терегуан æмæ Хъорнисы хъæутæм.
Афтæ бакæсут нæ раздæры маршруттæм: Цхинвал-Дменис-Зонкъар, Цхинвал-Икъорта-Ленингор-Ларгвис-Ахмадж ӕмӕ Гуфта — Эрцъо — Къоз.