Тыбылты Леонид раарфæ кодта Дмитрий Медведевæн йæ юбилейы цытæн

© Sputnik / Екатерина Штукина /  Ахизын медиабанкмæТыбылты Леонид раарфæ кодта Дмитрий Медведевæн йæ юбилейы цытæн
Тыбылты Леонид раарфæ кодта Дмитрий Медведевæн йæ юбилейы цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йæ арфæйы телы Тыбылты Леонид банысан кодта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны адæм скуынæг кæнынæй фервæзынæн Медведев цы сарæзта, уымæн кæй нæй аргъ скæнын.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид адæмы номæй æмæ сæрмагондæй йæхи номæй раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдар Дмитрий Медведевæн йæ 50 азы юбилейы цытæн.

Йæ арфæйы телы Тыбылты Леонид банысан кодта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны адæм куынæг кæнынæй фервæзынæн Медведев цы сарæзта, уымæн кæй нæй аргъ скæнын.

"Нæ адæмы ныры æмæ суинаг фæлтæртæ уыдзысты бузныг дæуæй ацы историкон уынаффæты тыххæй", — дзырдæуы арфæйы телы.

Президент фидарæй загъта, Дмитрий Медведевы хайадистæй хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмцæдисон ахастытæ сты æмæ дарддæр дæр кæй кæндзысты фидардæр æмæ размæ цæудзысты адæмты хæрзиуæгæн.

Уæрæсейаг премьерæн Тыбылты Леониды цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ стыр æнтыстытæ йæ паддзахадон архайды Стыр Уæрæсейы адæмы хæрзиуæгæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0