ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Одессӕйы облӕсты губернатор Михаил Саакашвилийы йӕ куыстӕй суӕгъд кӕныны фӕдыл петици фӕзынд дыццӕджы Украинӕйы президент Петр Порошенкойы официалон сайтыл.
"Михаил Саакашвили Одессӕйы облӕсты губернаторӕй кусы ныр ӕртӕ мӕйы ӕмӕ ацы рӕстӕгмӕ уый йӕ разы лӕууӕг хӕстӕй иу дӕр нӕ сӕххӕст кодта", — дзырдӕуы петицийы тексты.
Банысан ма ӕрцыд, губернаторы ӕртӕ мӕйы куысты фӕстиуӕгӕн Одессӕйы облӕсты цӕрджытӕ кӕй нӕ федтой хорзӕрдӕм ивындзинӕдтӕ. Коррупцийы ныхмӕ тох ӕмӕ реформӕтӕ арӕзт цӕуынц ӕрмӕстдӕр ныхӕстӕй, дзырдӕуы тексты.
Уымӕй дарддӕр ма петицийы автортӕ равдыстой се ‘нӕууӕнкдзинад ӕрӕджы цы кадрты ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонмӕ, банысан кодтой бюрократийы ныхмӕ ӕнӕфӕстиуӕгджын тох ӕмӕ облӕстмӕ инвестициты хъуагдзинад.
Уымӕй размӕ Украинӕйы президенты сайтыл фӕзынд петици Саакашвилийы бӕстӕйы премьер-министры бынаты сӕвӕрыны тыххӕй ӕнхъарӕнимӕ. Петици ӕрӕмбырд кодта ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъӕлӕстӕ, цӕмӕй ӕнхъарӕн равзара бӕстӕйы сӕргълӕууӕг. Фӕстӕдӕр Порошенко банысан кодта, Саакашвилийӕ кӕй рацӕуид иттӕг хорз премьер-министр, ӕрмӕст Гуырдзыстонӕн.