ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Козаты Диана. Уалыты Заринæ дыууæ боны размæ ныййардта йæ фыццаг сывӕллоны. Сабийыл сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны популярон ном — Давид. Хӕстӕджытӕ лæгъстæ кодтой æвзонг мадæн, цæмæй арынмæ ацæуа Цæгат Ирмæ, цыран ис хуыздæр æркаст æмæ уавæртæ, фæлæ уый аскъуыддзаг кодта ныййарын цхинвайлаг гуырæн хæдзары. Sputnik уацхæссæг бабæрæг кодта æвзонг мады æмæ базонгæ гуырæн хæдзары уавæртимæ.
Æвгъæддон сылгоймæгтæн сæ фылдæр арынмæ фæцæуынц Цæгат Ирмæ. Кæд раздæр уымæн аххосæг уыд мады капитал райсыны фадат, уæд ныр та уый сæйраг аххосæг нал у.
"Иууылдæр мын дзырдтой Дзæуджыхъæуы рынчындæттæй сæ иумæ ацæуын. Фæлæ мын уый фылдæр зындзинæдтæ сæвзæрын кодтаид. Ам та мæ рæстæг куы æрцыд, уæд æрбацыдтæн æмæ ныййардтон. Æмæ баззадтæн тынг райгондæй — медицинон персонал мæм йæ хъус хорз дардта, уавæртæ дæр дзы хорз уыд — ам у сыгъдæг, хъарм, цæуы дзы тæвд дон. Нæ зонын, кæм ма хъуамæ уа амæй хуыздæр", — дзуры Заринæ.
Иннæты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæртæ гуырæн хæдзары алыххатт нæ уыд. Иууыл зын рæстæджытæ æрцыдысты гуырдзиаг — ирон конфликтимæ, 80-æм æзты кæрæттæм — 90 азты райдианмæ. Гуырæн хæдзары нæ уыд рухс, хъармдзинад, элементарон уавæртæ — сывæллæттæ гуырдысты фæтæгены рухсмæ, палатæтæ хъарм кодтой сугы пецтæй, карз æхстыты рæстæджы иу ноггуырдты æмæ мæдты ныххизын кодтой ныккæндмæ. Иухатт цхинвайлаг гуырæн хæдзары ныссалд ноггуырд.
Абон уыцы хабæрттæ алкæмæ дæр кæсынц фыдфынты хуызæн. Фæлæ кæд ныры гуырæн хæдзары бæстыхай, кæцы арæзт æрцыд 1945 азы, иухатт дæр капиталонæй цалцæг не `рцыд, уæддæр уавæртæ цæхгæр фæхуыздæр сты цалдæр азы размæ уавæртимæ абаргæйæ.
"Нæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц. Æвгъæддонтæ æмæ медперсоналæн арæзт ис æппæт уавæртæ. Хостимæ нын ницы проблемæтæ ис. Ацы хæрзиуджытæ иууылдæр сты æнæаргъæй. Фæлæ уæддæр бирæ сылгоймæгтæ гырынмæ цæуынц Цæгат Ирмæ. Кæд раздæр уымæн аххосæг уыд мады капитал райсыны фадат, уæд ныр та сæйраг аххосæг у хуыздæр цардуавæртæ", — дзуры гуырæн хæдзары сæйраг дохтыр Тедеты Вадим.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мады капиталы тыххæй сертификат райсæн ис Хуссар Иры дæр. Уый тыххæй ныййарджытæ хъуамæ уой УФ-йы æмбæстæгтæ æмæ сывæллоны райгуырды тыххæй бæрæггæххæт бавдисой.
Ацы азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гуырæн хæдзары райгуырд 242 сывæллоны. Аз ам райгуыры 350 сывæллонмæ æввахс, иу уыйас та арынмӕ ацæуынц Цæгат Ирыстонмæ.
"Сæйраг уый нæу, кæм райгуырой сывæллæттæ, гуырæт, ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр", — дзуры мидбылхудгæйæ гуырæн хæдзары сæйраг дохтыр.
Гуырæн хæдзары коллектив æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы ног бæстыхаймæ. Йæ арӕзтад райдайдзæн ацы аз, ног гуырæн хæдзар арæзт æрцæудзæн раздæры цæстыты рынчындоны бынаты, кæцы басыгъд 2013 азы. Ам фæзындзæн нырыккон медицинон уагдон раззагондӕр ифтонггарзимæ.
Гуырæн хæдзарæй дарддæр Цхинвалы рынчындонон комплексы территорийыл уæвынц республикон соматикон рынчындон, рæуджыты низы ныхмæ диспансер, инфекцион рынчындон, санэпидемстанц. Арæзт цæуы сывæллæтты республикон рынчындон сывæллæтты реабилитацион центримæ. Ныры гуырæн хæдзары та æрбынат кæндзæн Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад.
"Ныры гуырæн хæдзары уæвдзæн Æнæниздзинадхъахъхъæныны министрад. Уымæ гæсгæ ам рауайдзæн чысыл "медицинон горæт", — загъта сæйраг дохтыр.
Ног гуырæн хæдзары арæзтад бахаст æрцыд 2015-2017 азты Инвеспрограммæмæ. Уый уыдзæн æртæуæладзыгон бæстыхай гинекологион хайадимæ, гуырæн хайадимæ, æвгъæддонты патологийы хайадимæ, хицæн блок уыдзæн сывæллæттæ хъомыл кæныны фыццаг этапæн.