"Спартак" ӕмӕ "Автодор" фембӕлдзысты Цхинвалы хӕларадон матчы

© Sputnik / Ада Багиан"Спартак" ӕмӕ "Автодор " фембӕлдзысты Цхинвалы хӕларадон матчы
Спартак ӕмӕ Автодор  фембӕлдзысты Цхинвалы хӕларадон матчы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ ирон футболон клубы спортивон тох расидтдзысты Республикӕй боны.

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Футболон командӕтӕ "Спартак-Цхинвал" ӕмӕ "Автодор- Дзӕуджыхъӕу " хӕларадон мачты фембӕлдзысты Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг командӕйы тренер Джиджджойты Алан.

Дыууӕ ирон командӕйы сӕ тыхтӕ бавзардзысты Республикӕйы боны. "Спартак-Цхинвал" фӕстаг рӕстӕджы архайы ӕнтыстджынӕй. 13 сентябры йын бантыст Мӕздӕджы футболон командӕ 5:1 хыгъдӕй рамбулын.

"Фембӕлд стыр ахъаз фӕуыдзӕн канд футболисттӕн нӕ, фӕлӕ ма сӕ фидӕн ацы спортимӕ цы сабиты фӕнды бабӕттын, уыдонӕн. Хъазт цӕудзӕн Цхинвалы футболон скъола "Фӕранк"-ы спортивон фӕзуаты", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, дыууӕ цхинвайлаг футболисты хуынд кӕй ӕрцыдысты футболон клуб "Алания"-йы скондмӕ.

"Тедеты Батрадз ӕмӕ Джиоты Сослан ныр дыууӕ мӕйы дӕргъы хъазынц "Алания"-йӕн. Ахӕм матчты фӕрцы та схъомыл кӕндзыстӕм хорз футболистты", — бафтыдта Джиджджойты Алан.

"Спартак-Цхинвал"-ы сконды ис 25 футболисты, уыдонӕй 11 сты сӕйраг хъазджытӕ. Клубӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1931 азы, 40-ӕзты райдианы хаста "Спартак-Сталинир"-ы ном. 2010 азы уый рамбылдта Цӕгат Ирыстоны кубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0