ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Плиты Фатима. Ирон хӕрзуынд чызджыты ӕрдз цы хӕрзиуджытӕй баххӕст кодта, уыдоныл раздӕрау нал хъӕцынц ӕмӕ се ‘ддаг бакаст хуыздӕр кӕнынц Цхинвалы салонты. Кӕцыдӕртӕ та сӕ рӕсугъддзинад фӕирддӕр кӕныны фӕдыл араст вӕййынц суанг ӕндӕр республикӕтӕм дӕр.
Салонты стилисттӕ сӕхӕдӕг куыд загъынц, афтӕмӕй сӕ клиентты фылдӕр бӕрц сты астӕуккаг кары сылгоймӕгтӕ — иуӕй уыдон финансон ӕгъдауӕй сӕ къахыл фидар лӕууынц, аннӕмӕй та, кары бацӕугӕйӕ, ӕддаг бакаст домы фылдӕр хъусдард.
Цхинвайлаг фӕсивӕдӕн кӕд сӕ куыстмызд астӕуккагӕй сисгӕйӕ хизы ӕрмӕст 10 мин сомы онг, уӕддӕр ын йӕ фӕндзӕм-цыппӕрӕм хай цӕттӕ сты рӕсугъддзинады салонты ныууадзыныл.
Уалыты Альбина кӕд кӕцыдӕр чызджытау "рынчын" нӕу рӕсугъддзинад ӕмӕ салонтӕм цӕуынӕй, уӕддӕр ын ардӕм иу ӕрбацыд слӕууы дзӕвгар ӕхца.
"Ӕз арӕх нӕ фӕцӕуын салонтӕм. Ӕрвылмӕй дӕр ахурын мӕ дзыккутӕ, балвынын сын сӕ кӕрӕттӕ. Кӕддӕрты бӕрӕгбӕттӕм саразын рӕсугъд прическӕтӕ. Маникюр-педикюр мын сарызынц ӕнӕаргъӕй мӕ хӕлӕрттӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕрвылмӕй дӕр ме ‘хцадонӕй фӕтары вӕййы дыууӕ мин сомӕй фылдӕр", — дзуры ӕвзонг чызг.
Альбинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры дуджы исты бӕрӕгбонмӕ ӕнӕ сӕрмагонд прическӕйӕ бараст уай, уый худинаг у.
Парикмахер Цхуырбаты Фатимӕ куыд дзуры, афтӕмӕй сӕрӕлвынӕг йӕ куыст куыннӕ уарза, уӕд дзы аккаг специалист нӕ рацӕудзӕн. Фатимӕ йӕхӕдӕг ацы куыстмӕ тырныдта чысылӕй фӕстӕмӕ. Ныр та йӕ бӕллиц у Хуссар Ирыстоны ӕппӕт сылгоймӕгты дӕр срӕсугъд кӕнын.
"13 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыдӕн йӕ сӕр алвыдтон. Кӕд мӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уӕддӕр ӕй йӕ чызгӕн сӕрӕлвынӕджы дӕсниад нӕ хъуыд. Мӕ ныййарӕджы фӕдзӕхст сӕххӕст кодтон, райстон уӕлдӕр ахуырад, фӕлӕ мӕ сабийы бӕллиццыл мӕ зӕрдӕ нӕ аивтон. Фӕкуыстон хицауады куысты, фӕлӕ фӕстӕмӕ раздӕхтӕн сӕрӕлвынӕджы куыстмӕ", — радзырдта парикмахер.
Фатимӕйы ма дисы ӕфтауы иу хъуыддаг — цхинвайлаг сылгоймӕгтӕ иууылдӕр сӕ сӕртӕ ӕлвынынц кӕрӕдзимӕ ӕнгӕс.
"Кӕд нӕ сылгоймӕгтӕ сӕхимӕ тынг ӕркастысты, уӕддӕр сӕм нӕй креативондзинад. Ӕрмӕстдӕр скъолайы кары чызджытӕ ӕрбацӕуынц ӕцӕг диссаджы идейӕтимӕ, иннӕтӕ та фылдӕр бӕрцӕй сӕ даргъ дзыкку бараст кӕнынц, ӕмӕ ууыл ахицӕн хъуыддаг", — банысан кодта стилист.
Азӕй аз Цхинвалы фылдӕр кӕны канд салонты нымӕц нӕ, фӕлӕ ма сӕ лӕггӕдты номхыгъд дӕр. Раздӕрау ам канд сӕр алвыныны фадат нӕй, фӕлӕ ма аразынц бирӕнымӕц косметикон процедурӕтӕ дӕр. Иууыл зынаргъдӕр процедурӕтӕм хауы дзыккутӕн схос кӕнын. Зӕгъӕм, фондз мины лӕууы кератины фӕрцы дзыккутӕ ралӕгъз кӕныны процедурӕ, уый та у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ахорӕнтӕ ӕмӕ хъуынтӕрастгӕнӕн итуйӕ ӕфхӕрд дзыккутӕн. 15 мин сомӕй та хизы хи тӕнӕг хъуынтӕм кӕнгӕ хъуынтӕ бафтауыны процедурӕ.
Афтӕ ма ныртӕккӕ популярон у ныхтӕ аразын дӕр. Уыцы лӕггӕдты аргъ дӕр у 300-1500 сомы. Сӕрмагонд гелы фӕрцы ныхтӕ радаргъ кӕныны аргъ у 1500-1700 сомы.
Цхинвалы фӕстаг азты салонты нымӕц къӕвда боны фӕстӕ зокъотау кӕй рӕзы, уымӕй бӕрӕг у, бизнесы ацы хуыз Цхинвалы сылгоймӕгтӕн иууыл пайдахӕссӕгдӕртӕй сӕ иу кӕй у. Салоны нымад специалист суӕвынӕн хъӕуы цалдӕр мӕйы сахуыр кӕнын, чысыл фӕлтӕрддзинад райсын ӕмӕ дӕ дӕсниад цӕттӕ у.
Ӕмткӕй сисгӕйӕ салоны кусӕджы иу мӕйы сыгъдӕг ӕфтиаг хизы 30 мин сомӕй. Уыдон сӕ "бизнесӕй" сӕхӕдӕг дӕр райгонд сты ӕмӕ ӕнгуырысхойӕ дзурынц, фаг кӕй кусынц.
Цалдӕр азы размӕ дӕр ма Цхинвалы куыста ӕрмӕстдӕр 15 парикмахеры онг. Зыдта сӕ ӕгас горӕт, бӕрӕг уыд, чи сӕ цӕмӕ хуыздӕр рӕхсы, уый дӕр. Ныр та алы къахдзӕфмӕ дӕр ис рӕсугъддзинады салонтӕ, фӕлӕ уӕддӕр сӕ кусджытӕй алкӕмӕн дӕр ис йӕхи клиенттӕ.
Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты бӕрӕггӕнӕтӕм гӕсгӕ, ӕгас республикӕйы кусы 50 хицӕн стилистӕй фылдӕр, афтӕ ма регистрацигонд сты цалдӕр рӕсугъддзинады студи дӕр.
"Регистрацийӕ куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй нӕм 2008 азы онг ацы индустрийы куыста ӕрмӕстдӕр 18 адӕймаджы. Ныр сӕ нымӕц ахызт 50-йӕ, арӕзт ма ӕрцыд цыппар студийы дӕр. Хъалонты кодексы домӕнтӕм гӕсгӕ иу парикмахер мӕй фиды ӕрмӕстдӕр 300 сомы", — радзырдта Sputnik комитеты сӕрдар Къацты Владимир.
Стилисттӕн сӕ куыст уӕлдай фӕфылдӕр вӕййы сабат ӕмӕ хуыцаубоны — уӕд республикӕйы вӕййынц чындзӕхсӕвтӕ, чындзы прическӕ ӕмӕ маникюр аразӕггаг та у бирӕ фылдӕр. Афтӕ ма салонты кусджытӕ сӕ афӕдзы ӕфтиаг бакусынц скъолаты рауагъдон изӕрты рӕстӕджы. Традицимӕ гӕсгӕ, алы чызг-рауагъдон дӕр хъуамӕ йӕ бӕрӕгбоныл сӕмбӕла рӕсугъд прическӕ ӕмӕ ныхтимӕ.