Меморандум фæахъаз уыдзæн Sputnik æмæ ирон диаспорæйы æмгуыстадæн

© Sputnik / Нарек ОрдянМеморандумы бафыст
Меморандумы бафыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстон ӕмӕ Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы къухдариуӕггӕнджыты фембæлд фæцис меморандумы бафыстæй.

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Æхсæнадæмон бастдзинæдты райрæзт Sputnik Хуссар Ирыстонæн у йæ куысты приоритетон здæхт. Ацы здæхты фæлгæтты Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян кусæгон балцы уыд Туркы, цыран уӕвы иууыл стырдӕр ирон диаспорæ.

Кусæгон балцы рæстæджы Ордян фембæлд Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы сӕрдар Мамсыраты Ирмӕимӕ, цæй фæстиуæгæн агентад ӕмӕ цӕдисы къухдариуӕггӕнджытӕ бафыстой ӕмгуысткӕнынады меморандум.

Мамсыраты Ирмæ бузныг загъта Sputnik Хуссар Ирыстонæн ацы хъæппæрисы тыххæй æмæ хуссарирыстойнӕгтӕн Туркы цӕрӕг ирон адӕмимæ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынмӕ тырнындзинадӕн.

"Фидарæй мæ уырны, нæ организациты æхсæн æмгуыстад фадат кæй ратдзæн æнæхъæн дунейы контакттæ ссарынӕн. Мах (туркаг, хуссарирыстойнаг æмæ цæгатирыстойнаг ирæттæ) стæм "иу къухы æнгуылдзтæ", уымæ гæсгæ хъуамæ ма сафæм нæ бастдзинад. Хъуамæ фидар кæнæм культурон æмæ информацион æмгуыстад. Ныфс мæ ис, Меморандумы бафыст кæй суыдзæн Аланты историйы ног этапы райдиан", — загъта Мамсыраты Ирмæ.

Нарек Ордян дӕр банысан кодта, ацы Меморандум кæй у фыццаг къахдзæф дыууæварсон бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ.

"Меморандумы бафыст æрæвæрдзæн бындур организациты æхсæн æнтыстджын æмархайдæн. Ныфс нæ ис, бафыстгонд бадзырдтæ æввахс рæстæджы кæй ссардзысты практикон реализаци", — банысан кодта Ордян.

Фарсытæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0