Зынг арӕны сӕрты нӕ рахиздзӕн!

© Sputnik / Пресс-служба ПУ ФСБ РФ в РЮОЗынг арӕны сӕрты нӕ рахиздзӕн!
Зынг арӕны сӕрты нӕ рахиздзӕн! - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæвæг УФ Арæнгæрон управленийы пресс-службæйы фехъусын кодтой, Гуырдзыстоны территорийыл кæрдæг фыццаг хатт кæй не`ссыгътой барæй. Ахӕм хабар ма ӕрцыд августы дӕр.

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Ивгъуыд къуыри уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ аиуварс кодтой зынгирвæзт Знауыры районы Урсдурты хъæумæ æввахс. Кæрдæг ссыгъд гуырдзиаг хъæу Гогеты кæрон, загътой Sputnik РХИ-йы уæвæг УФ Арæнгæрон управленийы пресс-службæйы.

Басгæрст рабæрæг кодта, Гуырдзыстоны территорийыл кæрдæгыл зынг кæй бафтыдтой барæй, хыгъдмæ ист æрцыдысты дымгæйы тагъддзинад æмæ здæхт, цæмæй зынг апарахат уа Хуссар Ирыстоны `рдæм.

Уый размæ Хуссар Ирыстоны лæууыд æнтæф боныгъæд, цæй аххосагæн бæрзонд уыд зынирвæзтты нымæц. Сыгъдхуыссынгæнæн службæтæ бон 50 хатт цыдысты зынджы ныхмæ тохмæ Цхинвал æмæ республикæйы районтæм.

Арæнхъахъхъæнджытæй иу федта гуырдзиаг арæнгæрон хъæу Гогетмæ æввахс фæздæг. Йæ хъус æм лæмбынæг куы æрдардта, уæд бамбæрста зынджы здæхт кæй у паддзахадон арæнгæрон уæвæг хуссарирыстойнаг хъæу Урсдурты `рдæм.

Арæнхъахъхъæнджытæ бамбæрстой, зынгыл сæхи фæрæзтæй кæй нæ фæтых уыдзысты æмæ фехъусын кодтой Уæлвæткон уавæрты министрадмæ, сæхæдæг та сахатмæ æввахс архайдтой зынг фæуромыныл. Æххуысмæ сæм фæтагъд кодтой ПÆК-ы арæнгæрон службæты мобилон къордты æмæ бынæттон милицийы кусджытæ.

Российские пожарники предотвратили пожар на государственной границе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ахуыссын кодтой зынгирвӕзт.

Уый фæстæ Уæлвæткон уавæрты министрады сыгъдхуыссынгæнæн службæтæ æрæвнæлдтой зынгимæ тохмæ, кæцы апарахат 1500 квадратон метры территорийыл. Иумæйаг архæйдтытæй зынгирвæзт æрцыд ликвидаци.

Арæнгæрон управленийы пресс-службæйы ма фехъусын кодтой, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ фыццаг хатт кæй нæ баххуыс кодтой бынæттон цæрджытæн зынгимæ тохы. Æнгæс уавæр ма ацы фадыджы уыд августы. Басгæрсты рæстæджы ма бæрæг æрцыд, кæрдæгыл зынг æфтыд кæй æрцыд барæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0