Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта "РХИ бындур чи ӕрӕвӕрдта", уыцы архайджыты

© Sputnik / Инга ЧехоеваТыбылты Леонид схорзӕхджын кодта "РХИ бындур чи ӕрӕвӕрдта", уыцы архайджыты
Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта РХИ бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы архайджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хорзӕхтӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты боны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид ӕртыццӕджы схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны фыццаг парламенты депутатты, фыццаг Централон ӕвзарӕн къамисы уӕнгты ӕмӕ ӕндӕр хуссарирыстойнаг архайджыты, кӕцытӕ хайад истой Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады райрӕзты.

Хорзӕхтӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты РХИ-ыл 25 азы сӕххӕсты боны цытӕн.

"Ӕхсызгон мын у абон ногӕй фенын сымах — нӕ республикӕйы сырӕзтыл чи архайдта ӕмӕ нӕ республикӕйӕн чи баххуыс кодта йӕ къахыл слӕууынӕн, уыдон. Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы хӕрзиуӕгӕн уӕ куысты тыххӕй", — загъта президент.

Уый банысан кодта, республикӕйы 25 азы бон кӕй у хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕй алкӕмӕндӕр тынг ахсджиаг.

"Уый нысаниуӕгджын ӕмӕ цины бӕрӕгбон у республикӕйы алы ӕмбӕстагӕн дӕр. Ацы бон 25 азы размӕ райгуырд нӕ республикӕ. Ӕмӕ абон мах цӕуӕм, нӕ фыдӕлтӕ цы фӕндаг равзӕрстой, ууыл — Уӕрӕсеимӕ ӕнустӕм", — банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Мадзалы рӕстӕджы ӕрӕмбырдуӕвджытӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕууыдысты, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинадӕн сӕ цард чи снывонд кодта, уыдоны номарынӕн.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады райрӕзты хъуыддаджы сгуыхтдзинӕдты тыххӕй, территориалон ӕнӕхъӕндзинад ӕмӕ республикӕйы хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны активон архайды тыххӕй "Республикӕйыл 25 азы сӕххӕсты тыххӕй" майдантӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты — Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг, политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ — Джусойты Нафи, Хъуылымбегты Доментий, Коцты Станислав, Цоциты Борис, Дзиццойты Юрий, Битарты Зоя, Галуанты Людмилӕ, Джиоты Аллӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0