Бибылты Анатолий санкциты тыххӕй: сӕрыстыр дӕн, Донбассӕн кӕй баххуыс кодтон

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий санкциты номхыгъдмӕ бахасты тыххӕй: Украинӕйы мын бизнес ӕмӕ банчы хыгъдтӕ нӕй. Ме `мгӕрттимӕ та мын хӕларадон ахастыты уыдзӕн санкцитӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Тынг сӕрыстыр дӕн, кӕй баххуыс кодтон Донбассы цӕрджытӕн сӕ сӕрибардзинады сӕрыл тохы, загъта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий, санкциты хыгъдмӕ бахасты тыххӕй Sputnik комментаритӕ дӕтгӕйӕ.

"Луганск ӕмӕ Донецкы хӕдбардзинад банымайгӕйӕ, Хуссар Ирыстон ахъаз кӕны ацы республикӕты размӕцыдӕн, ӕххуыс кӕны сӕ цӕрджытӕн. Тынг сӕрыстыр дӕн, чысыл хайбавӕрд кӕй бахастон Донбассы цӕрджыты сӕ сӕрибардзинады сӕрыл тохмӕ", — загъта Бибылты Анатолий.

Украинӕйы адӕмӕн йӕ цӕст бауарзта "куырыхон къухдариуӕггӕнджыты, кӕцытӕ славяйнаг адӕмты кӕрӕдзи ныхмӕ нӕ кӕндзысты, фӕлӕ сӕ кӕндзысты ӕнгом".

"Санкциты номхыгъмӕ бахаст ӕрцыдысты Украинӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕцӕг патриоттӕ, кӕцытӕ уарзынц ацы дыууӕ бӕстӕты адӕмты", — банысан кодта спикер.

Уый ма загъта, санкциты номхыгъдмӕ бахаст ын кӕй ницы зиан ӕрхӕсдзӕн.

"Ацы санкцитӕ мӕныл ницы хуызы бандавдзысты. Украинӕйы мын бизнес ӕмӕ банчы хыгъдтӕ нӕй. Ме `мгӕрттимӕ та мын хӕларадон ахастытӕ уыдзӕн санкцитӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ", — кӕронбӕттӕны загъта парламенты сӕргълӕууӕг.

Украинӕйы президент Петр Порошенко ӕртыццӕджы бакодта санкцитӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ныхмӕ иу азы ӕмгъуыдмӕ. Санкциты номхыгъды ис 388 физикон ӕмӕ 105 юридикон гоймаджы. Уыдон нымӕцы хуссарирыстойнаг парламенты спикер дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0