Гергиты Валерий: Республикæйыл 25 азы – ас лæджы кар

© Пресс-служба посольства РЮО в РФГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
25 азы юбилейы цытæн арфæ Гергиты Валерий фыццаджыдæр æрвиты æрыгон фæлтæрмæ, сабитæм.

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы адæмон артист Гергиты Валерий Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн ракодта бæрæгбонон арфæ, фехъусын кодтой Sputnik УФ уæвæг РХИ-йы минæварады пресс-службæйы.

Гергиты Валерий майрӕмбоны фӕуазӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадмӕ Мӕскуыйы.

"Республикæйыл 25 азы — ас лæджы кар. Ирæттæ 25 азы кармæ ахуыр сты сæ бинонты тыххæй дзуапп кæнын, сабырад æмæ стабилондзинад хъахъхъæнын цы горæты кæнæ хъæуы цæры, уым. Ацы кары нæлгоймæгтæ бахъуыды рæстæджы растынц сæ бинонты, хиуæтты, хæстæджыты, æппæт Ирыстоны хъахъхъæнынмæ", — загъта Гергиты Валерий.

Маэстро ма банысан кодта, ӕвзонг паддзахад — Республикæ Хуссар Ирыстон — кӕй фæфидар æмæ цæуы размæ, уым та ахсджиаг у Уæрæсейы роль.

"Сæйрагдæр у стыр Уæрæсейы æххуыс æмæ хъусдард, нæхæдæг та хъуамæ кусæм бирæ, нæ архайд хъуамæ уа здæхт размæцыдыл. Кæддæр нæ рагфыдæлтæ схæццæ сты æппæт дунеимæ æмæ алыхаттдæр хъахъхъæдтой сæ кад, хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад", — банысан кодта дирижер.

© Sputnik / Катя ВалиеваГергиты Валерий майрӕмбоны фӕуазӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадмӕ Мӕскуыйы.
Валерий Гергиев в посольстве РЮО в РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий майрӕмбоны фӕуазӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадмӕ Мӕскуыйы.

Афтӕ ма, Гергийы фырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон уæззау тохы бафыста стыр аргъ йæ хæдбардзинады тыххæй.

"Мæ зæрдæ алкæмæндæр зæгъы, цæмæй сæххæст уой сæ фæндтæ, кæцытæ баст сты амондджын фидæнимæ, сабырдзинадимæ. Фадат сын уæт сæ сывæллæтты хъомыл кæнын, ахуырад æмæ сын професи радтынӕн. Ацы фæндтæ сын цы сæххæст уой иууыл æввахс рæстæджы", — раарфӕ кодта Гергиты Валерий.

Гергиты Валерийы бæрæгбонон арфæтæ сæйраджыдæр здæхт уыдысты сывæллæттæм, фæсивæдмæ — уыдоны бæрны кæны Ирыстоны фидæн. Уый æмрæстæджы ма бузныг загъта хистæр кары адæмæн, бирæ æзты кæй быхстой зындзинæдтæ æмæ равдыста фидар ныфс, дарддæр кæй хъусдзысты фарны хабæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0