Хуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн
Хуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Заводы арæзтадæн финансон фæрæзтæ рахицæн кодтой Инвестицион агентад æмæ уæрæсейаг амалиуæггæнæг, УФ стырдæр холдингтæй сæ иу "Евродон"-ы сæргълæууæг. Кондад куыстбынæттæй сифтонг кæндзæн 20 адæймаджы, суткæйы уагъд цæудзæн 2,5 тонн продукци, æрмæг фыццаг рæстæг ласт цæудзæн Уæрæсейæ.

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Фыдызгъæлы продукцийы кондад "Растдон"-ы арæзтады бын фыццаг дур бавæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны майрæмбоны. Заводы арæзтад райдайдзæн ацы аз хуссарирыстойнаг столицæйы цæгатгæрон. Проект реализаци кæнынæн ӕхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта Инвестицион агентад. Финансон фæрæзты иннæ хай та рахицæн кодта Уæрæсейы агросæудæджерадон холдинг "Евродон"-ы бындурæвæрæг Уанеты Вадим.

"Ацы цау у нысæниуæгджын республикæйы экономикон цардæн. Мах æвæрæм бындур проекты реализацийæн, уый хорзырдæм бандавдзæн цæрджыты царды æмвæзадыл, экономикæйы райрæзтыл, кæцы фæцудыдта 20 азы дæргъы хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн", — загъта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг загъта бузныджы ныхæстæ ӕппӕт адӕмӕн, кæцыты хъæппæрисæй ацы проектæн фадат фæуыдзæн среализаци кӕнын. Банысан кодта, республикæйы арæзт кæй цæуынц æппæт уавæртæ фæсарæйнаг инвестицитæ химæ здахынæн æмæ бизнес хъахъхъæнынæн.

Уанеты Вадим фехъусын кодта, кондад куыстбынæттæй кӕй сифтонг кæндзæн 20 адæймаджы, суткæйы уагъд цæудзæн 2,5 тонн продукци.

"Ацы проект махæн у нысаниуæгджын. Мах хъуамæ сахуыр кæнæм адæмы, цæмæй уадзæм æмбæлон продукци. Ахсджиаг нын у къухдариуæгады æххуыс дæр, цæмæй бæрнджынæй æмæ оперативонæй скъуыддзаг кæнæм æппæт фарстытæ", — загъта амалиуæггæнæг.

Уый банысан кодта, фыдызгъæлрацарӕзтон завод кæй хъавынц бакæнын 2016 азы 1 майы.

УФ минæвар РХИ-йы Къарджиаты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн ис стыр потенциал, цæмæй экономикон æмбарынады суа бæрзондэффективон паддзахад.

Тыбылты Леонид æмæ Уанеты Вадим бафыстой "сидт фæдонтæм", кæцыйы нывæрдтой капсулы æмæ йæ фæкодтой цементы бын.

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн.
Закладка камня под строительство мясоперерабатывающего завода - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бындур æрӕвæрдтой фыдызгъæлы заводы арæзтадæн.

Раздæр Уанейы фырт фехъусын кодта Sputnik, проекты аргъ кæй у 153 милуан сомы. Заводы арæзтадæн йæ фæзуат уыдзæн 1500 километрмæ æввахс, рахицæн ын æрцыд 12 гектар зæхх.

2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны экономикæйы реалон секторы райрæзтæн Уæрæсейы бюджетæй рахицæнгод ӕрцæудзæн миллиард соммæ æввахс, 300 милуан алы азæн. Бизнес-проекттæ равзары экономикон райрæзты министрад, уый фæстæ сæ сахуыр кæны Мæскуыйы уæвæг Инвестицион агентад, кæцы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы экономикæты реалон секторы æххуысæн. Амалиуæггæнæг йæхи фæрæзтæй рахицæн кæны аргъæн йæ 10%, иннæ 90% —æй та ифтонг кæны Ивестагентад.

Ног хабӕртты лентӕ
0