Хуссар Ирыстоны баконд æрцыд официалон республикон портал

© пресс-служба президентаХуссар Ирыстоны баконд æрцыд официалон республикон портал
Хуссар Ирыстоны баконд æрцыд официалон республикон портал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног портал кусдзæн Хуссар Ирыстоны æвæрццаг имиджыл.

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны баконд æрцыд официалон республикон портал Æхсæнадæмон информацион агентад "Хуссар Ирыстон абон".

Порталы бындурæвæрæджы ныхæстæм гæсгæ, ног ресурс "цы æрмæджытæ мыхуыр кæна, уыдон руаджы интернетӕй пайдагæнджытæн фадат уыдзæн РХИ-йы информацион тыгъдадимæ базонгæ кæнынæн".

Порталы къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Залинæ ныфс бавæрдта, агентад кæй хъавы æвдисын республикæйы тыххæй информаци алыварсонæй. Стыр ныфсытæ порталыл æвæры президент Тыбылты Леонид дæр.

Сайты бакондæн уый саргъ кодта, куыд "нысаниуæгджын цау æрмæст информацион нæ, фæлæ политикон царды дæр, уымæн æмæ портал архайдзæн республикæ æмæ йæ цæрджыты хæрзиуæгæн æмæ йæ æвæрццаг имиджыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0