Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт ӕрластой сыгъдæг Лукайы буаргъæдтæ

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстон
Цæгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чырыстон реликвитӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрластой Хъырымæй. Сыгъдӕг Лукайӕн йӕ тых ахæм егъау уыд, æмæ-иу куырм адæмы дæр цæстæй ракæсын кодта.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт ӕрластой сыгъдæг Лукайы буаргъæдтæ Хъырымӕй. Бакувӕн сæм уыдзæн 12-æм октябры онг Дзæуджыхъæуы Ильийнаг аргъуаны, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Сыгъдӕг Лука йӕ рæстæджы канд архиепископ нæ уыд, фæлæ ма зындгонд хирург дæр. Профессор Войно-Ясенецкий (сыгъдӕг Лука) аирвæзын кодта мингай адæмты. Уæрæсейы у фыццаг хирургтæй сӕ иу, зæрдæйыл, сæрыл æмæ æндæр вазыгджын буары хæйттыл уæззау оперцитæ чи кодта.

Цӕгат Иры рӕстдинонтӕ стыр ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты чырыстон реликвитыл.

"Куы фæрынчын вæййын, уæддæр æм бакувын. Лæгты дзуары аргъуаны ис йæ уазныв æмæ уымæ дæр бацæуын æмæ йæм фæкувын. Æххæуыс кæны тынг адæмæн æмæ йын абондæр æнхъæлмæ кæсынц йæ хорздзинадмæ. Табу Хуыцауæн, ахæм дзуӕрттæ нæм кæй ис", — дзуры Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Къарджиаты Раисæ.

Сыгъдӕг Лука куыд дохтыр, афтӕ уыд тынг дæсны æмæ ма йæм абон дæр адæм кувынц. Хъырыммæ, Паисий Величковскийы моладзандонмæ, цыран ӕвӕрд сты йӕ буары хæйттæ, цæуынц рынчынтæ æмæ дзы курынц æнæниздзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0