Плотницкий: ЛАР адӕм никуы ферох кӕндзысты Хуссар Иры ӕххуыс

© Sputnik / Ада БагианИгорь Плотницкий Цхинвалы
Игорь Плотницкий  Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЛАР делегаци Плотницкийы сӕргълӕудӕй фӕуазӕг Хуссар Ирыстонмӕ, цыран нысан цӕуы Республикӕйы бон. Цхинвалы уазджытимӕ фембӕлд президент Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Луганскаг адӕмон республикӕйы цӕрджытӕ кӕддӕриддӕр сӕ зӕрдыл дардзысты, Хуссар Ирыстон ын фыццаг кӕй фӕдаргъ кодта ӕххуысы къух, загъта ЛАР сӕргълӕууӕг Игорь Плотницкий президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

ЛАР делегаци Плотницкийы сӕргълӕудӕй хуыцаубоны фӕуазӕг Цхинвалмӕ, цӕмӕй хайад райса Республикӕйы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты.

"Луганскы адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты, иууыл зындӕр сахат нын Хуссар Ирыстон фыццаг кӕй фӕдаргъ кодта ӕххуысы къух. Мах сыгъдӕг цӕсгомимӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ хӕлӕг кӕнӕм сымахмӕ, ӕмӕ нӕ ныфс ис, тагъд рӕстӕджы уӕ мах дӕр кӕй фӕхондзыстӕм Луганскмӕ ахӕм рӕсугъд бӕрӕгбонмӕ", — загъта Плотницкий.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй у ЛАР адӕмы равзӕрст фӕндаджы фарс, уымӕн ӕмӕ алы адӕмтӕн дӕр ис нациты хæдуагæвæрды бар ӕнӕ "дывӕр стандарттӕй".

"ЛАР хӕдбардзинад банымайыны фӕнд рахӕсгӕйӕ мах ӕнцой кодтам ацы хъуыдыйыл. Уымӕй дарддӕр ма нӕ бӕстӕтӕн ис ӕмхуызон хъысмӕт, мах дӕр рацыдыстӕм уыцы фӕндаг сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ", — загъта президент.

Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, Хуссар Ир дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн Донбассы республикӕтӕн.

Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Игорь Плотницкийы "Хӕлардзинады Орденӕй" РХИ ӕмӕ ЛАР ӕхсӕн ӕмгуысткӕнынады райрӕзты йӕ хайбавӕрды тыххӕй. Афтӕ ма дыууӕ республикӕйы сӕргълӕуджытӕ кӕрӕдзийӕн бакодтой зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0