ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Дыццӕджы Мӕскуыйы, "Президент-отель"-ы уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны 'хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнпаддзахадон къамисы 14-ӕм рабадт. РХИ-йы минӕварады УФ-йы пресс-службӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Хуссар Иры хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доментийӕ дарддӕр ма делегацийы сконды уыд республикӕйы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр.
Рабадты фӕстиуӕгӕн бафыст ӕрцыд протокол.
Уӕрӕсейы 'рдыгӕй протоколыл йӕ къух бафыста УФ хицауады сӕрдары хӕдивӕг, УФ-йы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат-кавказаг федералон зылды, Ӕхсӕнпаддзахадон къамисы сӕрдар Уӕрӕсейы фарсӕй — Александр Хлопонин, Хуссар Ирыстоны фарсӕй та — Республикӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар, Ӕхсӕнпаддзахадон къамисы хуссарирыстойнаг фарсы сӕрдар Хъуылымбегты Доменти.