Алайнаг епархийы минӕвӕрттӕ чырыстон балцы ӕрзылдысты Дзауы районы сыгъдӕг бынӕттыл

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм балцытӕ адӕймаджы монодзинадыл ӕндавынц хорзӕрдӕм, чырыстонтӕ арфдӕр банкъарынц Дуне Сфӕлдисӕгимӕ иудзинад, ахъуыды кӕнынц, цы сты царды ӕцӕг ӕмӕ мӕнг хӕрзиуӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Алайнаг епархийы рӕстдинонтӕ уазнывтӕ ӕмӕ Сыгъдӕг Георгийы буаргъӕдтимӕ сарӕзтой чырыстон балц Дзауы районы сыгъдӕг бынӕттыл. Къорды фӕндаг дыууӕ боны дӕргъы цыд бӕрзонд хӕхтыл, адӕм стӕм хатт цы кӕмттӕм бафтынц, уыцы сыгъдӕг бынӕттыл.

Чырыстон къордӕн фӕндагамонӕг уыдысты клуб "Аполлон"-ы активон архайджытӕ Тедеты Алан ӕмӕ Бестауты Бала. Балцы рӕстӕджы йӕ хайадисджытӕ арфдӕр банкъардтой дины ӕндӕвдад ӕмӕ базонгӕ сты Дзауы районы дзуӕрттӕ, кувӕндӕттӕ ӕмӕ моладзандонты историимӕ. Хслеб, Хъорсеу, Цъӕриттӕ, Сохтӕ, Алхасент, Билурта — ацы хъӕуты ӕппӕт сыгъдӕг бынӕтты дӕр епархийы минӕвӕрттӕ ауагътой хуыцауыскуывдтытӕ.

"Нӕ къорды сконды уыд 15 адӕймаджы. Алы дзуары дӕр мах скуывтам Хуыцаумӕ, ракуырдтам дзы адӕмты ӕхсӕн уарзондзинад ӕмӕ ӕнгомдзинад", — радзырдта Sputnik Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг фыд Иаков.

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чырыстон балц Дзауы районмӕ

Фӕндагонтӕн сӕ балц райдыдта Хъорсеуы хъӕуы ног арӕзт аргъуаныл. Ацы хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнджытӕ Цхуырбаты ӕфсымӕрты ӕххуысӕй арӕзт ӕрцыд аргъуан. Хуыцауыскуывд ауадзыны фӕстӕ сӕ фӕндаг акодтой Цъӕриттыл, уый фӕстӕ та Чеселтгомы "Хуссар Дзуарыл ". Хуссар дзуары цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, аразджытӕ архайынц кувӕндон сӕндидзын кӕныныл.

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чырыстон балц Дзауы районмӕ

 

Дзыуарцыд балцы дыккаг райсом чырыстон адӕм схызтысты Сохты хъӕуы хохы бӕрзондыл цы кувӕндон ис, уырдӕм.

"Ацы аргъуан у ӕрдӕгкалд, йӕ астӕу сырӕзтис ӕртӕцонг тулдзбӕлас. Уый мах бафтыдта дисы, уымӕн ӕмӕ ахӕм хабар фыст ис библийы дӕр — фыццаг хатт Хуыцау йӕхи равдыста пахуымпар Авраамӕн ӕртӕцонг тулдзбӕласы бын. Тулдзы ӕртӕ цонг нысан кодтой Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды", — радзырдта фыд Иаков.

Динамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ирыстоны кувӕндӕттӕ фылдӕр бӕрцӕй ӕвӕрд сты хӕхты бӕрзӕндтыл.

"Уый та нысан кӕны, нӕ фыдӕлтӕ кувынмӕ кӕй цыдысты бӕрзонд бынӕттӕм, ома Хуыцау ӕмӕ уӕларвон зӕдтӕм ӕввахсдӕр", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чырыстон балц Дзауы районмӕ

Дарддӕр чырыстон къорд йӕ фӕдаг акодта Хъемултамӕ хӕстӕг хъӕу Алхасентыл. Бынат цымыдисон у канд йӕ кувӕндонӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ цӕрджыты хъӕбатыр ӕмӕ уӕззау хъысмӕтӕй. Ацы хъӕуы цард Алхасентты ӕмӕ Руситы мыггӕгтӕ. Абон уыдонӕй иу цӕрӕг дӕр нал ис, ӕрмӕст ма адӕмы зӕрдӕты баззад сӕ хъайтарддзинады истори.

"Паддзахы рӕстӕджы ацы бӕрзонд ирон хъӕуы дыууӕ мыггаджы лӕгтӕ зыдтой хӕцӕргарз ӕмӕ топпыхос аразын. Уымӕ гӕсгӕ, Коцты Бегайау, ацы хъӕуы цӕрджытӕ дӕр фидар фӕлӕууыдысты паддзахы ӕфсады ныхмӕ, цасдӕр рӕстӕджы ӕнӕмсӕр тох уагътой гӕрзифтонг лӕгмарты ныхмӕ. Фӕлӕ сӕ паддзахы ӕфсад уӕддӕр бассаста ӕмӕ сӕ бындзагъд скодта", — радзырдта фыд Иаков.

Алхасенты аргъуан ӕрбынат кодта хъӕддаг хъӕлӕрдзыйы къохы, хъӕстӕг ӕм ис зӕппадзтӕм ӕнгӕс цымыдисон ӕрдӕгкалд арӕзтӕдтӕ.

"Аргъуанӕн ма лӕууынц йӕ систӕ, йӕ агъуыст ӕркалд. Ам фенӕн ис бирӕ цымыдисон ӕрмӕг — дурыл ныв кавказаг дарӕсы адӕймаг Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, йӕ цуры та дуркъахӕн мигӕнӕн ӕмӕ сау дурӕй конд адӕймаджы скульптурӕтӕ. Уыдон иууылдӕр дзурынц нӕ фыдӕлты арф монондзинадыл", — банысан кодта алчыр.

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чырыстон балц Дзауы районмӕ

Ирыстоны хицӕн районты сыгъдӕг бынӕттыл балц чырыстонтӕн фыццаг нӕу, амӕй размӕ та уыдон ӕрзылдысты Ленингоры районы дзуӕрттыл. Ныр та фӕнд кӕнынц Ирыстоны ӕппӕт сыгъдӕг бынӕттыл чырыстон балцы ӕрзилынмӕ.

Хуссар Иры рӕстдинонтӕ  сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм

Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм балцытӕ адӕймаджы монодзинадыл ӕндавынц хорзӕрдӕм, чырыстонтӕ арфдӕр банкъарынц Дуне Сфӕлдисӕгимӕ иудзинад, ахъуыды кӕнынц, цы сты царды ӕцӕг ӕмӕ мӕнг хӕрзиуӕгтӕ.

Алайнаг епархийы инициативӕмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ августы та чырыстон балцы ӕрзылдысты Хъӕрӕсе-Черкесы алайнаг кувӕндӕттыл. Византийаг бӕрӕггӕнӕтӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, афтӕмӕй Х-XIV ӕнусты ацы аргъуантӕ уыдысты Алайнаг епархийы дӕлбар.

Ног хабӕртты лентӕ
0