Хлопонин: азы кæронмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бафысдзысты 9 бадзырды

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæАлександр Хлопонин
Александр Хлопонин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документтæ здæхт сты социалон-экономикон къабазы ахастыты райрæзтмæ, загъта Хлопонин.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон азы кæронмæ бафысдзысты фараст бадзырды бæстæты æхсæн интеграци æмæ æмцæдисады бадзырды баххæстмæ, фехъусын кодта УФ Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг Æхсæнпаддзахадон къамисы рабадты рæстæджы.

Мæскуыйы дыццæджы уагъд æрцыд УФ æмæ РХИ-йы æхсæн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнпаддзахадон къамисы 14-ӕм рабадт. Рабадты фӕстиуӕгӕн бафыст ӕрцыд протокол.

"Не ‘мгуыстады ног къахдзæф ссис интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд, кæцы бафыстгонд æрцыд 2015 азы 18 марты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн. Бадзырды фæлгæтты бафыстгонд хъуамæ æрцæуа фараст бадзырды. Ацы документтæ здæхт сты социалон-экономикон къабазы ахастыты райрæзтмæ", — загъта Хлопонин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый агайы ахуырады, культурæйы, аивады, спорты, закъондæттынады, бюджетон сферæйы кусджытæн куысмызд фæфылдæр кæныны, Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады къабӕзтæ.

"Абоны бон ацы документты проекттыл цæуы куыст федералон министрæдтæ æмæ ведомствӕты, æмæ ацы азы кæронмæ бадзырдтæ æрцæудзысты бафыст ", — банысан кодта Хлопонин.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сæргълæуджытæ 18 марты Мæскуыйы бафыстой интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд. Бадзырд йæ тыхы бацыд 30 июлы, дыууæ фарсы кæрæдзимæ куы радтой ратификацион грамотæтæ, уӕд.

Бадзырд рагхыгъд кæны æрæмдзых æддагон политикæ, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, дыууæ бæстæты барадхъахъхъæнæн координацион центры сарæзт.

Документ ма рагхыгъд кæны бæстæты æхсæн арæныл сæрибарæй цæуын, РХИ-йы таможнæйон органты интеграци УФ-йы æнгæс структурæтæм. Уæрæсе йæхимæ хæс исы Хуссар Ирыстоны куыстмыздтæ æмæ пенситæ Цæгат Кавказы æмвæзады онг фæфылдæр кæнын. Афтæ ма республикæйæн феххуыс кæнын ахуырад, культурæ æмæ зонады райрæзтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0