ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Рæуджыты низы ныхмæ диспансеры ног бæстыхай арæзт æрцæудзæн Цхинвалæн æддейæ, Хеиты хъæумæ æввахс, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы Арæзтады министрады.
Объект арæзт æрцæудзæн 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Инвестицион программæйы реализацийы фæлгæтты. Зæронд бæстыхай у кæлæццаг æмæ йæ хъæуы сыхалын.
"Ног бæстыхай ифтонг уыдзæн нырыккон ифтонггарзæй, низтæ диагностикæйы раззагондæр методтæй спайдагӕнгӕйӕ. Диспансеры цур кусдзæн змæлгæ флюорографийы аппарат, цæмæй ацы низ куыд тагъддæрæй бæрæг цæуа алыгъуызон цæрæн пунктты", — загътой министрады.
Абон дохтыртæ рынчынтæн хос кæнынц зæронд бæстыхайы. Sputnik рæуджыты низы ныхмæ диспансеры сæйраг дохтыр Джыккайты Джемал куыд загъта, афтæмæй абон амбулаторон хоскæнынад цæуынц 11 пациенты.
"Рæуджыты низæй рынчынтæн йæ низ хæцгæ кæмæн нæу, уыдонæн хос кæнынц стационары, хæдзары. Уыдонæн рахицæнгонд цæуы æнæмæнгхъæуæг хостæ. Рынчындоны ис æппæт æнæмæнгхъæуæг хостæ", — загъта сæйраг дохтыр.
Фæлæ рæуджыты низæй рынчынты фылдæр хай хоскæнынмæ цæуынц Цæгат Ирыстонмæ. Уæрæсейаг æмбæстагад æмæ цæгатирыстойнаг пропискæ уыдонæн фадат дæттынц æмбæлон социалон лæггæдты пакетæй спайда кæнын.