Тотализаторты æрæхгæдæй Хуссар Ирыстон æвæрд æрцыд Цæгат Кореяйимæ иу радыл

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæТотализаторты æрæхгæдæй Хуссар Ирыстон æвæрд æрцыд Цæгат Кореяйимæ иу радыл
Тотализаторты æрæхгæдæй Хуссар Ирыстон æвæрд æрцыд Цæгат Кореяйимæ иу радыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны букмекерон конторӕты æрæхгæдмæ ис дыууæрдæм ахаст: ис ацы тобæйы фарслæуджытæ дæр, сæ рæстæг дзы чи æрвыстой, уыдон та разы не сты, сæ уарзон хоббийæ сæ кæй фæиппæрд кодтой.

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Козаты Диана. Чилæхсаты Спартак тотализаторыл хъазыд æрвылбондæр. Уарзы футбол, ис ын уарзон командатæ æмæ футболисттæ. Фондз азы размæ аскъуыддзаг кодта, развæлгъау йæ бон кæй уыдзæн базонын иу кæнæ иннæ хъазты чи фæуæлахиз уыдзæн, æмæ цæмæй цымыдисондæр уа, уый тыххæй сæвæрын æхца уæлахиздзауыл. Афтæмæй фыццаг хатт февзæрд спортивон букмекерон конторайы (БК).

Ныр ын уыцы фадат нал ис, Хуссар Ирыстоны букмекерон конторæтæ иууылдæр æхгæд æрцыдысты, февралы парламент цы закъон райста ирхæфсæн бизнес сæхгæныны фæдыл, уымæ гæсгæ.
Спартак, бирæтау, ацы хъуыддагимæ разы нæу.

"Æппæт Хуссар Ирыстоны футболон æмбалад ацы хабар банымадта æппæрццагыл. Нæ аргументтæ тыхджындæр сты, букмекерон конторатæ сæхгæнын чи аскъуыддзаг кодта, уыдон аргументтæй. Зæгъæм уал уый, æмæ БК ис æппæт дунейы Цæгат Корея, цалдæр тоталитарон бæстæтæ æмæ Африкæйы бæстæтæй дарддæр. Нæ парламент сæвæрдта Хуссар Ирыстоны иу радыл ацы бæстæтимæ", — загъта Спартак Sputnik уацхæссæгæн.

Алкæмæ нæй хæдзары спутникон телеуынынад æмæ хъæлдзæг æмбæлтты къорд. Ацы контораты та æрæмбырд вæййынц футболуарзджытæ, цæмæй фехъусой фæстаг спортивон хабæрттæ, аразын прогнозтæ. Ома ам æрмæст æхца сæвæрынмæ не `мбырд кодтой, фæлæ футболмӕ кæсынмæ.

"Ныр нæ депутатты "фæрцы" махæн фадат нал ис футболмæ кæсын. Бирæтæ зæгъдзысты — футболмæ кæсут хæдзары. Æз та зæгъдзæн афтæ — цæй æмæ æрæхгæнæм ресторантæ æмæ кафетæ — алчидæр хæрæт йæ хæдзары", — дзуры Спартак.

Уымæн кæронмæ æмбæрстгонд нæу, парламент ацы фарсты фылдæр цæуыл тыхсы — монондзинадыл æви букмекерон конторатæ бирæ хъалон кæй нæ хастой паддзахадон бюджетмæ.

Республикӕйы фиддонтӕ ӕмӕ хъаллонты комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæт БК-тæ къазнæмæ æнæхъæн аз бахастой æрмæстдæр 140 мин сомы.

"Нæ депутаттæ уæлдай хъусдард здæхтой нылæг хъалонмӕ. Уæдæ сӕ фæфылдæр кæнын хъæуы, цæмæй ацы къабаз уа пайдаджын паддзахадæн", — нымайы футболуарзæг.

Уый загъта, депутаттæн сæ фылдæр гуырд кæй у Советон Цæдисы рæстæджы æмæ хъуыды кæндзысты, уæддæр ма кæй уыд алыгъуызон лæтæретæ. Спартак йæхæдæг хъазыд "Спортпрогноз"-æй, уым дæр билетты базонын хъуыд матчты хыгъд.

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæТотализатортæм æрмæст æхца сæвæрынмæ не `мбырд кодтой, фæлæ футболмӕ кæсынмæ.
Очередь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тотализатортæм æрмæст æхца сæвæрынмæ не `мбырд кодтой, фæлæ футболмӕ кæсынмæ.

Кæд БК ахæм зианхæссæг сты, уæд уый та хæссы фæндон, цæмæй мауал уæй кæной тамако æмæ нозт, уымæн æмæ расыгдзинад Хуссар Ирыстоны райста националон æнамонды гуырахст.

"Куыд гæнæн ис цалдæр адæймаджы тыххæй, кæцытæ æрвитынц аморалон царды уаг нозтджын продукци нуазгæйæ, æрæхгæнын æнæхъæн дукани, цыран фадат ис балхæнын хорз сæнæн", — дæтты фарст Спартак.

Уый фидарæй уырны, республикæ æмæ фæсивæдæн БК-тæ кæй нæ хæссынц зиан. Спартакы нымадмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны ис уымæй ахсджиагдæр проблемæтæ, æмæ йæ ныфс ис, депутаттæ кæй аивдзысты сæ тæрхон.

Букмекерон конторӕтæй иуы хицау Хъæцмæзты Андрей йæ хъуыддаг бакодта 2009 азы, æмæ йæ ацы тобæ сæвæрдта уæззау уавæры — йæ æхцайы фæрæзтæ æмæ йæ тыхтæ цы хъуыддагæн снывонд кодта, уый иу уысммæ фæтары, æмæ ног хъуыддагыл та нырма нæ фæхæст.

"Ныппырх системæ, кæцы арæзтон фондз азы. Ног хъуыддаг бакæнын та афтæ æнцон нæу", — загъта уый.

Парламенты аргументтæй иуыл дзургæйæ, ома БК стыр пайда нæ хæссынц паддзахадæн, Андрей загъта, цалдæр хатт "хъалонисджытæм" фæндон кæй бахаста бынæттон æмвæзадыл бараст кæнын ацы уагдæтты фиддонты уагæвæрд. Фæлæ йæ хъæппæрисæн Андрей ницы дзуапп райста, æмæ закъон райст куы æрцыд, уæд йæ конторæ бынтондæр æхгæд æрцыд.

"Раст æмæ объективоныл нæ нымайын депутатты æфсæнттæ, ома тотализатортæ стыр зиан хæссынц бинонты бюджетæн. Махмæ цыдысты ахæмтæ, чи æвæрдта æхца хъазтыл. Уыдис-иу нæм хуымæтæг футболуарзджытæ дæр, кæцытæ цыдысты æрмæстдæр футбол кæсынмæ. Тотализатормæ уагъд нæ цыдысты сывæллæттæ, нæ нæм уыд нозт. Кæддæриддæр нæм уыд сабыр æмæ хæларадон уавæр", — загъта Хъæцмæзты Андрей.

Цæрджыты æхсæн иумæйаг хъуыды нæй ацы фарсты фæдыл. Бирæтæ нымайынц, букмекерон конторæтæ кæй уыдысты зианхæссæг, æмæ сæм цы адæм цыд, уыдоны бакодтой сæ дæлбар, æппæрццагæй æндæвтой сæ психикæ æмæ бинонты бюджетыл.

Фæлæ æрфарстгонд адæмæй иудæр йæхæдæг никуы бахызт БК-йы къæсæрæй æмæ иу дæр дæнцæг не `рхаста, стыр æхцайы фембылды цауы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0