ПӔК офицертæ сæвæрдтой ног къулдуар Аунеуы мемориалы раз

© Sputnik / Пресс-служба КГБАунеуы мемориал
Аунеуы мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны агурынц фыдгæнджыты, кæцытæ сентябры райдианы адавтой Аунеуы хъæуы мемориалон комплексы къулдуар.

ЦХИНВАЛ, 24 сен, — Sputnik, Хъотайты Мария. Республикæйы барадхъахъхъæнæн органтæ агурынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æфсæддонтæн мемориалон комплексы къулдуар цы фыдгæнджытæ адавтой, уыдоны. Нæ информацион агентад хъусын кодта, 3 сентябры æхсæв Знауыры районы Аунеуы хъæуы мемориалон комплекс кæй фæцис вандалты амæттаг.

Æбӕрæг гоймæгты архæйдтыты фæстиуæгæн ахастæуыд æмбонды иу хай æмæ мемориалон комплексмæ бацæуæны къулдуар. Фыдракæнды цауы фæдыл фæдис систой Паддзахадон æдасдзинады комитеты офицертæ, кæцытæ фондз азы размæ сцалцæг кодтой хæсты рæстæджы ныппырхгонд цырт æмæ йæм уæдæй фæстæмæ дарынц сæ хъус. Къулдуары адавды тыххæй милицимæ фехъусын кодта сыхаг хъæу Мугуты сæргълæууæг. Йæ курдиатмæ гæсгæ Знауыры районы милицийы кусджытæ райдыдтой фыдгæнджыты агурын.

Мидхъуыддæгты районон хайады сæргълæууæг Гаглойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, давыны цауы фæдыл æрфарст æрцыдысты цалдæр зæрдæхсайгæ адæймаджы.

"Цы æрмæг æрæмбырд кодтам, уый арвыстам Мидхъуыддæгты министрадмæ. Нæ кусджытæ æрфарстой цалдæр адæймаджы, фæлæ сæ хайадист нæ бафидар. Дарддæр агурæм", — загъта Гаглойты Юрий.

ПÆК-ы офицертæ сæ хъусдард ногæй аздæхтой цыртмæ. Æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ сæвæрдтой ног дуар.

"Мах нæ банхъæлмæ кастыстæм слестгæнæн мадзæлтты кæронмæ, кæнæ фыдгæнджытæ фæстæмæ кæд æрбахæсдзысты дуар. Балхæдтам ног æмæ йæ сæвæрдтам мемориалон комплексмæ бацæуæны", — радзырдта Sputnik ПÆК-ы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Александр Смирнов.

Sputnik уацхæссæг бафæлвæрдта ацы мемориал кæй номарынæн æвæрд æрцыд, уыцы æбæрæгæй сæфт хæстонты тыххæй исты информаци базонын.

Мемориалон комплексы сисыл цы хæстонты нæмттæ фыст сты, уыдон номхыгъд Sputnik уацхæссæг бавдыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон комиссариатмæ, республикон æмæ районон архивтæм, афтæ ма ветеранты республикон цæдисмæ, цæмæй исты информаци базона ацы хæстонты тыххæй — кæд ацыдысты фронтмæ, сæ хъайтардзинæдтæ, сæ мæлæты датæтæ… Иу уагдоны дæр нæ разынд информаци ацы адæмы тыххæй. Сæ нæмттæ иу архивон базæйы бæрæггæнæнты дæр не сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0