Хуссар Ирыстоны конд ӕрцыд тугдзых сырдтыл цуаны сезон

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъӕдты сарӕх сты бирӕгътӕ ӕмӕ куыдзгъуыз бирӕгътӕ, уыдоныл цуан кӕныны бар ис азы дӕргъы. Уымӕй дарддӕр ма бирӕгъ чи амара, уыдонӕн Ӕрдзон ресурсты, экологи ӕмӕ геологийы комитет фиды ӕхца.

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хъӕддаг сырдтыл цуан кӕныны сезон конд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодта Sputnik Ӕрдзон ресурсты, экологи ӕмӕ геологийы комитеты сӕрдар Бестауты Бала.

Бирӕгътӕ ӕмӕ куыдзгъуыз бирӕгъты мыггаг кӕй сбирӕ ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ бар ис ӕнӕвгъауӕй цӕгъдын. Октябрӕй та цауны сезон конд ӕрцӕудзӕн ӕрсытыл ӕмӕ хъӕддаг кӕрчытыл.

"Хуссар Ирыстоны хъӕдты сарӕх сты бирӕгътӕ ӕмӕ куыдзгъуыз бирӕгътӕ, уыдоныл цуан кӕныны бар ис азы дӕргъы. Уымӕй дарддӕр ма бирӕгъ чи амара, уыдонӕн нӕ комитет фиды ӕхца. Куыдзгъуыз бирӕгътӕ уадзынц аз дыууӕ хатты цот ӕмӕ сӕ мыггаг тынг сбирӕ ис хъӕдты. Уыдон лӕбурынц хӕдзарон фосмӕ ӕмӕ хатгай адӕммӕ дӕр", — банысан кодта комитеты сӕрдар.

Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сылбирӕгъ амарӕггаг у 1 500 сомы, мыггаг кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Нӕлбирӕгъ чи амара, уымӕн та фыст цӕуы 1000 сомы.

Комитеты сӕрдар ма банысан кодта, ӕнӕзакъонон ӕгъдауӕй цуан кӕнын мӕгуырау уавӕрмӕ кӕй ӕркодта сырдты нымӕц.

"Ирыстоны кӕмтты ӕмӕ хӕхты сычъи ӕмӕ сӕгуытты ныццагътой, арс дӕр нӕм ныртӕккӕ у стӕм. Арс амарыны фӕнд чи скӕна, уыдоны ӕнӕмӕнг хъӕуы лицензи райсын. Лицензийы аргъ у 35 мин сомы", — радзырдта уый.

валергӕсаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры цӕугӕдӕтты тобӕгонд ӕрцыд кӕсаг ахсын

Лицензийы хицау чи бауа, уымӕн иу мӕйы дӕргъы вӕййы рӕстӕг цуан кӕнынӕн ӕмӕ уӕдмӕ сырдыл куыннӕ фембӕла, уӕд та йын йе ‘мгъуыд адарддӕр кӕнынц.

Ӕнӕзакъонӕй арс чи амара, уый ивар цӕудзӕн 75 мин сомӕй. Афтӕ ма тобӕгонд у республикӕйы дӕтты валергæсаг ахсын дӕр. Фӕткхалджытӕ ивар цӕудзысты иу кӕсаджы тыххӕй ӕртӕ мин сомӕй.

Ныридӕгӕн цуан кӕнынӕн ӕхгӕд зонӕ ис ӕрмӕстдӕр Зонкъары.

"Зонкъары ӕвӕрд бынӕтты ауагътам хъӕддаг хуытӕ ӕмӕ сӕгтӕ. Уыдон парахат кӕнынц ӕмӕ тобӕгонд хъӕдтӕй ахизынц дарддӕр", — дзуры Бестауты Бала.

Афтӕ ма, Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, комитет фӕнд кӕны Къуаиса, Чеселт ӕмӕ Хъорнисы кӕмтты тобӕгонд бынӕттӕ саразын. Ныртӕккӕ цуан кӕныны фӕтк республикӕйы хъахъхъӕнынц 23 егеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0