Цы фӕкӕнӕм нӕ дыргъ ӕмӕ нӕ халсар?

© Sputnik / Фатима ПлиеваХъӕууон цӕрджытӕн ӕнӕхъӕн горӕты сӕ тыллӕг кӕм уӕй кӕной, уый бынат нӕй.
Хъӕууон цӕрджытӕн ӕнӕхъӕн горӕты сӕ тыллӕг кӕм уӕй кӕной, уый бынат нӕй. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры хъӕуты цӕрджытӕй тыллӕг чи ӕркӕны, уыдон сӕ фӕллой кӕм ауӕй кӕной, уый бынат сын ӕнӕхъӕн горӕты нӕ разынд. Афтӕмӕй та республикӕйы къухдариуӕгад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ банысан кодта, хъӕууон хӕдзарады райрӕзт ӕмӕ республикӕйы бынӕттон продукцийӕ ифтонг кӕнын кӕй у хицауады приоритетон хӕстӕй сӕ иу.

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы центры уӕвӕг колхозон базарӕй ӕрвыст ӕрцыдысты хъӕууонхӕдзарадон продукцийы уӕйгӕнджытӕ, базаргӕнджыты бахъуыд Джиоты Аланы проспекты тротуартыл ӕрбынат кӕнын.

Базары бынаты ныридӕгӕн цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ, базары территорийы ӕмбис бацахста ног арӕзтад. Sputnik уацхӕссӕгӕн къуырийы дӕргъы горӕты мэрияйы дзуапп нӕ радтой, цы аразынц раздӕры колхозон базары бынаты, ӕмӕ сӕхи ӕрконд тыллӕг чи уӕй кӕны, уыцы хъӕууон цӕрджытӕ цы фӕуой, уый фӕдыл.

© Sputnik / Фатима Плиева Колхозный базар в Цхинвале
Колхозный базар в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колхозный базар в Цхинвале

Бирӕ ӕзты дӕргъы Цхинвалы къухдариуӕгад архайдта горӕты уынгты ӕнӕзакъонон базарадӕй расӕрибар кӕнын. Йӕ къухы куы бафтыд, уӕд та бынӕттон дыргътӕ ӕмӕ халсӕрттӕй уӕйгӕнджыты рарвыстой уынгмӕ.

Бӕрӕг нӕу, ам цы сырӕздзӕн, фӕлӕ базаргӕнджытӕ фидарӕй зонынц, хӕрзарӕзт бӕстыхӕйтты уыдонӕн "бынат кӕй нӕ разындзӕн". Цы фӕуыдзысты базаргӕнджытӕ ӕмӕ кӕм уӕй кӕндзысты сӕ тыллӕг хъӕуы цӕрджытӕ — ацы фарст цымыдис кӕны ӕрмӕстдӕр сӕхи.

"Базарӕй ма нын цы чысыл къуым аззад, уым дӕргъӕй дӕргъмӕ тӕрхӕгыл сӕ базайрӕгтимӕ ӕрлӕудзысты иууыл фылдӕр 15 адӕймаджы. Афтӕмӕй та ам ӕппынӕдзух базар кӕнын йӕ куыст чи скодта, уыдоны нымӕц хизы 30 адӕймагӕй. Стӕй ма нӕм ӕрбамбал вӕййынц хъӕутӕй сӕ муртӕ уӕй кӕнынмӕ чи ӕрхӕссы, уыдон. Ӕмӕ цы фӕуӕм, цӕмӕй цӕрӕм", — дзуры базаргӕнӕг Плиты Валя.

Ныридӕгӕн уал уыдон ӕрбынат кодтой тротуарыл, Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы ныхмӕ, халсӕрттӕ ӕмӕ дыргътӕй йедзаг машинӕтӕ та ӕрурӕдтой, Уырыссаг рӕстдинон дзуары аргъуаны арӕзтадӕн цы территори рахицӕн кодтой, уым. Ацы тротуартыл фистӕгӕй цӕуджытӕн ахизӕнтӕ дӕр нал вӕййы, бахъӕуы сӕ базаргӕнджыты къалатиты ӕмӕ ведрӕты сӕры гӕппытӕ кӕнын.

© Sputnik / Фатима ПлитыКолхозон базар Цхинвалы
Колхозон базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колхозон базар Цхинвалы

Фистӕгӕй цӕуджыты кӕд ацы хъуыддаг тыхсын кӕны, уӕд базаргӕнджытӕ сӕхӕдӕг дӕр райгонд не сты сӕ уавӕртӕй.

"Хурмӕ мӕхӕдӕг дӕр ӕсфыхтӕн ӕмӕ мӕ дыргътӕ дӕр. Хурӕн ма ницы у, фӕразӕм, фӕлӕ къӕвдатӕ ӕмӕ мит уарын куы райдайа, уӕд та цы фӕуыдзыстӕм? Нӕ бинонты цӕмӕй дарӕм?",- дзуры Хӕбӕлаты Валя.

Тъбеты хъӕуы цӕрӕг Гӕззаты Оля дӕр уынджы хъӕбӕрыл йӕ бур, сырх ӕмӕ уардигъуыз пъамидортӕ йӕ разы райтауы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, базары амонд ӕм кӕд бахуддзӕн.

"Хицауадӕй нӕ куыстбынат домӕм, нӕ ӕххуыс. Нӕхи къухӕй цы продукци ӕркӕнӕм, уый кӕм ауӕй кӕнӕм, ахӕм бынат нын рахицӕн кӕнӕд. Ацы ног арӕзтад куыннӕ уыдаид, уӕд нын базар фаг кодта. Чидӕр йӕ бон калы, мӕнӕн та ӕрлӕууӕн бынат дӕр ма уа? Фараст мин сомы пенсийӕ куыд фӕцӕрон ӕмӕ дзы мӕ рынчын сӕрыхицауы куыд фӕдарон, йӕ хосты фаг дӕр мын нӕ кӕнынц", — дзуры сылгоймаг.

© Sputnik / Фатима ПлитыКолхозон базар Цхинвалы
Колхозон базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колхозон базар Цхинвалы

Цхинвалы Харебаты Исахъхъы уынгыл уӕвӕг аннӕ базары дӕр ма хъӕууонхӕдзарадон фӕллойӕн аззад ӕрмӕст иу къуым, иннӕ бацахстой дарӕс, къӕнцыларон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр базайрӕгтӕ.

Тедеты Ефим йӕ халсар стӕм хатт хӕссы базармӕ, йӕ уӕй кӕнынӕн сӕрмагонд бынат дӕр нӕ домы, уынджы дӕр ӕрӕууы ӕмӕ йӕм ӕлхӕнджытӕ уырдӕм фӕцӕуынц. Фӕлӕ абон йӕ разы лӕууӕг дыууӕ ӕхсынцъыйы ведрӕйы фӕрсӕг дӕр нӕй. 30 сом бафыста фӕндаггаг, иу уыййас та йӕ бахъӕудзӕн фӕстӕмӕ ацӕуынӕн. Ефим та нырма йӕ фӕндаггаг дӕр нӕ бакуыста.

"Ӕхсынцъыйӕ бинонты фӕдарын зын у, фӕлӕ мӕ ӕндӕр бон дӕр нӕй. Цардыстӕм Новосибирскы, 2008 азы хӕсты размӕ нӕ фыдбылызӕн ӕрыздӕхтыстӕм нӕ райгуырӕн бӕстӕм. Мӕ фырттӕй иу хӕсты фесӕфт, абон дӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Афтӕ фыдӕбӕттимӕ цӕрӕм. Нӕ мын ме ‘сӕфт фыртӕн цы хъӕбул баззад, уымӕн хъӕдзар радтой, ныр мын мӕ муртӕн уӕй кӕныны бынат дӕр нал уыдзӕн", — дзуры Ефим.

Цхинвалы алы районты дӕр азӕй-аз фылдӕр кӕныц халсары дуканитӕ, цыран фылдӕр бӕрцӕй уӕй цӕуынц фӕсарӕнтӕй ласт дыргътӕ ӕмӕ халсар. Ӕмӕ бынаты тыллӕг чи ӕркӕны, уый йӕ кӕм ауӕй кӕна уый бынат дӕр ын нӕй. Афтӕмӕй та республикӕйы къухдариуӕгад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ банысан кодта, хъӕууон хӕдзарады райрӕзт ӕмӕ республикӕйы бынӕттон продукцийӕ ифтонг кӕнын, кӕддӕры размӕцыд аграрон регионӕн йӕ раздӕры кад раздахын кӕй у хицауады приоритетон хӕстӕй сӕ иу. Ӕрмӕст ма иу ныхӕстӕ хъуыддӕгтӕй дӕр фидар куы цӕуиккой…

Ног хабӕртты лентӕ
0