ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 6 октябры уагъд ӕрцӕудзӕн Ирон бӕгӕныйы Ӕппӕтреспубликон конкурс-фестиваль. Ӕфсинтӕй иууыл дӕсны бӕгӕныфыцӕг чи разына, уый хайад райсдзӕн Цӕгат Ирыстоны ирон бӕгӕныйы Ӕхсӕнадӕмон фестивалмӕ, фехъусын кодтой Sputnik РХИ культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
Хуссар Иры ахӕм фестиваль уагъ ӕрцӕудзӕн ныр дыккаг хатт. Конкурс у Цӕгат Ирыстоны цы Ӕхсӕнадӕмон фестиваль уагъд ӕрцӕудзӕн, уымӕ ӕвзарӕн тур. Ӕхсӕнадӕмон конкурс-фестивалы финал ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы 29 октябыры.
"Ленингоры районмӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕсны бӕгӕныфыцджытӕ Хуссар Иры алы къуымтӕй. Конкурсы программæмæ гæсгæ ма бæгæныйæ уæлдай æфсинтæ хъуамæ бацæттæ кӕной ирон националон хæринæгтæ. Фынгтыл фенæн уыдзӕн чъиритæ, дзыкка, дзӕрна", — загъта министрады пресс-секретарь Остъаты Мадина.
Ирон бӕгӕныйы ӕхсӕнадӕмон фестивалы архайдзысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесийы минæвæрттæ дæр. Ныртӕккӕ уал уагъд цӕуынц ӕвзарӕн туртӕ. Финалы архайдзысты фыццаг этапы уӕлахиздзаутӕ, ӕдӕппӕтӕй 13 ӕфсины, уыдон ӕхсӕн иу — Хуссар Ирыстонӕй дӕр.