ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фидауынгæнджытæ сарæзтой æппæтдæр, цæмæй хуссарирыстойнаг зæххыл æрлæууа сабырад, загъта майрæмбоны президент Тыбылты Леонид фидауынгæнджыты номарынæн цырт бакæныны рæстæджы.
Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл баконд æрцыд цырт уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фидауынгæнджыты хъæбатырдзинады номарынæн, кæцытæ хъахъхъæдтой республикæйы сабырад. Цырт саразыны тыххæй 2011 азы ацы бынаты бавæрд æрцыд дур.
Церемонийы хайад райстой хицауады уæнгтæ, депутаттæ, гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты уæрæсейаг æмæ цæгатирыстойнаг контингентты раздæры командиртæ æмæ æфсæддонтæ, республикæйы дзыллæйад. Цырт арæзт æрцыд дзыллæйад æмæ горæт Цхинвалы администрацийы хъæппæрисæй.
"Гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæмæ фидауынгæнæн тыхты бакондимæ Хуссар Ирыстоны æрлæууыд сабырад. Адæмы цинæн кæрон нал уыд, æмæ сæ никуы ферох уыдзæн ацы датæ —1992 азы 14 июль. Уый уыд уникалон операци, кæцы адарддæр 2008 азы онг, цалынмæ Уæрæсейы фидауынгæнджытæ сæхимæ нæ райстой гуырдзиаг агрессийы фыццаг цæф", — загъта Тыбылты Леонид.
Фæмардуæвæг фидауынгæнджыты рухс ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ, æртæ хатты айзæлд автоматæй æхст.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы республикæйы рацæудзæн чиныг уæрæсейаг фидауынгæнæн операцийы историйы тыххæй Хуссар Ирыстоны, кæцы суыдзæн арфæгæнæг адæмы ноджы иу æвдисæн.
Æмхæццæ тыхты раздæры командæгæнæг Марат Кулахметов ӕрӕмбырдуӕвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, фидауынгæнджытæ Хуссар Ирыстоны сабырад кæй хъахъхъæдтой 16 азы дæргъы.
"Алыгъуызон рæстæджытæ уыд, фæлæ сæйрагдæр уыд ацы зæххыл сабырад бахъахъхъæнын. Махæй никуы уыдзысты абоны онг чи нæ фæцард, йæ цард йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи радта, уыдоны нæмттæ", — загъта уый.
Кулахметов банысан кодта, гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны стыр нысаниуæг кæй уыд Æмхæццæ контролон къамисæн, кæцытæ амыдтой Сабырад хъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты (СХÆТ) архæйдтытæ.
Ацы аз 23 азы сæххæст республикæмæ куы æрцыдысты баконд СХÆТ. Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.
СХÆТ-ы мисси адарддæр ис 16 азы æмæ уыд уникалон.
2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.
Ацы операцийы рæстæджы фæмард 60 уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæджы, уыдон нымæцы фидауынгæнджытæ. Хъаугъа æрбæстон кæнынимæ æрцыд кæрон фидауынгæнæн миссийæн. Хусса Ирыстоны сабырад ныр та хъахъхъæнынц уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ.
2008 азы сентябры бафыстгонд кæрæдзийæн æххуысы, æмгуыстад æмæ хæларады фæдыл бадзырдмæ гæсгæ æмæ иумæйаг тыхтæй паддзахадон арæн хъахъхъæныны фæдыл бадзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдысты цыппæрæм уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ УФ ФСБ-йы Арæнхъахъхъæнæн управлени.
Фидауынгæнджыты ном хæссы Цхинвалы централон уынгтæй иу.