Фыццаг хатт Хуссар Иры уагъд цӕуы Ӕхсӕнадӕмон турнир волейболӕй

© Sputnik / Ада БагианӔхсӕнадӕмон турнир волейболӕй Цхинвалы
Ӕхсӕнадӕмон турнир волейболӕй Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнирмӕ ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстон, Мӕскуы ӕмӕ Ростовы облӕсты командӕтӕ. Ӕдӕппӕт ерысты хайад исынц ӕхсӕз командӕйы – 60 ӕвзонг спортсменкӕйы.

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Фыццаг Ӕхсӕнадӕмон турнир волейболӕй чызджыты ӕхсӕн райдыдта майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны столицӕйы.

Спортивон мадзал уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны фӕлгӕтты. Ерысты хайад исынц ӕхсӕз командӕйы — 60 ӕвзонг спортсменкӕйы. Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгондӕй дарддӕр ма турнирмӕ ӕрцыдысты Мӕскуы ӕмӕ Ростовы облӕсты горӕт Донецкы командӕтӕ.

"Уе ‘рцыд Хуссар Ирыстонмӕ у ахсджиаг цау ӕрмӕст спортуарзджытӕн нӕ, фӕлӕ ма ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр. Ахӕм турнирты хайад райсын, уӕлдайдӕр та Хуссар Ирыстоны, у уӕлахизы ӕмсӕр", — загъта турниры бакӕныны церемонийы республикӕйы парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Мадзал организацигонд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты хъӕппӕрисӕй. Ерыстӕ уагъд цӕудзысты 27 сентябры онг, хъӕзтытӕ цӕуынц Цхинвалы республикон сывӕллӕтты спортивон скъолайы бӕстыхайы. Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц хорзӕхтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0