Плиты Сослан: ювелирикæ мын дæтты хæдбардзинад

© Sputnik / FacebookЮвелир Сослан Плиты
Ювелир Сослан Плиты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывгæнæг æмæ ювелир Плиты Сослан аразы æнахуыр рæсугъд фæлындæнтæ. Йæ фантази æмæ дæсниады фæрцы рæзынц дзауматæ, кæцытæ æхсызгондзинад хæссынц адæмæн.

20 азы стажимæ ювелир радзырдта Sputnik уацхæссæг Козаты Дианæйæн, цæмæн ныллæууыд ацы профессийыл æмæ куыд гуырынц йæ шедевртæ.

— Сослан, кæд фæхæст дæ ацы дæсниадыл æмæ кæм ахуыр кодтай?

— Ацы дæсниады фадыджы архайын ныр дыууын азы. Цæмæн? Уымæн æмæ мын æндæр фадат нæ уыд. Уæд мын уыд бирæ дæсниæдтæ — уыдтæн хъæддæсны, заводы кусæг, æгæрыстæмæй ма хæтæлтæ дæр ахуырстон.

Уый фæстæ библиотекæйы (уæд нырма Интернет нæ уыд) федтон тынг цымыдисон чиныг — ювелирон æрмæджыты æмбырдгонд. Иууыл тынгдæр мыл бандӕвтой французаг ювелир Лаликы куыстытæ — уыдонæй хуыздæр абоны онг ницы федтон.

Сæрмагонд ахуырад мæм нæй. Хæдахуыр ювелир дæн — кастæн, чи куыд кусы, уымӕ. Мæ хæстæг Бициты Володя уыд тыхджын дæсны. Зæгъæн ис æмæ кæй уыд мæ ахуыргæнæг. Афтæ цадæггай ныллæууыдтæн ацы фæндагыл.

Ахуыр та кодтон ветеринарон дохтырыл, фæлæ мæ ахуыр кæронмæ каст нæ фæдæн.

— Дæ профессийы хаххыл кыстай?

— Хуыцау бахизæд! Фæахуыр кодтон институты цыппар азы æмæ бамбæрстон, раст равзæрст кæй нæ сарæзтон. Ацыдтæн æфсадмæ, куы æрæздæхтæн, уæд ма цы къабӕзты нæ куыстон… Ювелирика мын мæ зæрдæ балхæдта уымæй, æмæ уый дæтты хæдбардзинад алыгъуызон хистæртæ æмæ директортæй.

— Хъуыды ма кæныс дæхи къухæй фыццаг арæзт ювелирон дзаума?

— Иттæг хорз æй хъуыды кæнын. Уæд мæм æмбæлон куысты æрмæджытæ нæ уыд æмæ сӕздыхтон арийаг свастикæ. Бирæ йæ дардтон æвæрдæй, фæлæ ныр никуыцæй зыны. Хъыг мын у, кæй йæ нал уарын.

— Кæцæй исыс ног фæлындæнтӕн идейæтæ?

— Идейæтӕй хъуагдзинад не`ййафын. Рахизын уынгмæ æмæ аракæс-бакæс кæнын. Лæмбынæгæй цæмæ фæнды дæр куы æркæсай, уæд рауайдзæн аивады æнæкъæм сфæлдыст.

© Sputnik / FacebookПлиты Сосланы куыст.
Работы Сослана Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Сосланы куыст.

— Вæййы дын ахæм зæрдæйыуаг — ницы дæ фæнды аразын, фæлæ хъæуы? Куыд кæныс уæд?

— Кæй зæгъын æй хъæуы! Мæ нымадмæ гæсгæ, ахæм зæрдæйыуагимæ ницы хъæуы аразын. Хорзæй дзы ницы рауайы. Кæнæ та дæ хъуамæ "æрфæнда". Уый тынг хорз миниуæг у.

— Ис элемент, кæцымæ гæсгæ базонæн ис дæсныйы æрмдзæф?

— Дæсны искæй куыстытæ куы нæ фæлхатт кæна, модæйы фæдыл куы нæ цæуа, йæ куыст куы уарза, йæ рæстæг æмæ йæ тыхтæ ацы куыстæн æнæвгъауæй куы нывонд кæна, уæд фæзыны дæсныйы æрмдзæф. Æмæ разындзысты адæм, кæцытæ базондзысты дæсныйы йæ сæрмагонд æлементтæм гæсгæ.

— Дæ дзауматæ балхæнын кæмæн ис фадат?

— Бирæтæн. Алкæцы гъæдджын арæзт ювелирон дзаума дæр у уæззау куысты фæстиуæг. Афтæ зæгъдзæн кæцыфæнды ювелир дæр. Ювелирикæ, фыццаджыдæр, сты дзауматæ. Адæмæн сæ сæвзæрстæй фæстæмæ уыд фæлындæнтæ. Адæймаджы алыхаттдæр фæндыд иннæтæй истæмæй хицæн кæнын, йæ индивидуалондзинад бахахх кæнын. Уый тыххæй æрхъуыды кодта алыгъуызон фæлындæнтæ, уæлдай нæ уыд цæмæй арæзт уыдысты.

Ювелирикæ нæу фыццаг рады æнæмæнгхъæуæг. Фæлæ адæймаджы йæ стиль бахахх кæнын куы фæнда, уæд разы вæййы саргъ кæнын ацы хъуыддагæн æмæ балхæнын исты дзаума. Æз мæ куыстæн бæрзонд аргъ кæнын. Æмæ йæ ницы аргъыл дæттыны фæлтау лæвар бакæндзæн.

© Sputnik / FacebookПлиты Сосланы куыст.
Работы Сослана Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Сосланы куыст.

 

— Ис дзауматæ, дæ зæрдæйы кæцытæ баззадысты? Æнцон у хиарæзт дзаумæттæ искæй къухтæм дæттын?

— Никуы мын уыд проблемæ. Æз æрмæст мæхицæн нæ фæлдисын мæ кустытæ. Цин кæнын уымæй æмæ мын мæ дзауматæн кæй аргъ кæнынц, кæй сæ дарынц. Хорз ювелирон дзаума адæймагæн æхсызгондзинад хæссы.
Мæ зæрдæйы баззад дзауматæ, кæцытæн снывонд кодтон бирæ тыхтæ æмæ рæстæг. Фæлæ сæ æнæвгъауæй раттын.

— Ювелирикайæ дарддæр ма дæм цы æвзарын кæны цымыдис?

— Мæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймагæн исты хъуыддагмæ хъуамæ фанатикон ахаст ма уа. Хъуамæ тырнай фылдæр базонын æмæ фенын æндæр къабазты. Уарзын видеохъæзтытæ, арæх хъазын фæсивæдимæ. Стыр æхцондзинад мын хæссынц.

— Дæ мыггаг фылдæр хуссарирыстойнаг у, исты бастдзинад дын ис Хуссар Иримæ?

— Мæ уидæгтæ. Плитæ иууылдæр сты Дзауы районы Ручъы хъæуæй рацæугæтæ. Мæхæдæг райгуырдтæн Дзæуджыхъæуы, фæлæ мæ фыдæлтæ уырдыгæй сты. Плитæ иууылдæр къуыдайрæгтæ сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0