Цхинвалы сӕнусон кодтой фидауынгӕнджыты хъайтардзинад

Рафыссын
Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл баконд æрцыд цырт уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фидауынгæнджыты хъæбатырдзинады номарынæн, кæцытæ хъахъхъæдтой республикæйы сабырад. Цырт саразыны тыххæй 2011 азы ацы бынаты бавæрд æрцыд дур.

Церемонийы хайад райстой хицауады уæнгтæ, депутаттæ, гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты уæрæсейаг æмæ цæгатирыстойнаг контингентты раздæры командиртæ æмæ æфсæддонтæ, республикæйы дзыллæйад.

Цырт арæзт æрцыд дзыллæйад æмæ горæт Цхинвалы администрацийы хъæппæрисæй.

"Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фидауынгæнджытæ сарæзтой æппæтдæр, цæмæй хуссарирыстойнаг зæххыл æрлæууа сабырад", — загъта президент Тыбылты Леонид цырт бакæныны рæстæджы.

Фæмардуæвæг фидауынгæнджыты рухс ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ, æртæ хатты айзæлд автоматæй æхст.

Ног хабӕртты лентӕ
0