Ирон цыхт у уарзондӕр хӕринаг канд бынӕттон цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ма ӕрцӕуӕггаг адӕмӕн дӕр. Республикӕйы уазджытӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ‘здӕхгӕйӕ ӕнӕмӕнгдӕр ахӕссынц семӕ цыхт.
Урсаджы хӕринӕгтӕй ма ирон адӕммӕ популярон у дзыкка дӕр. Дзыкка цӕмӕй хӕрзад ӕмӕ ивӕзаг рацӕуа, уый тыххӕй йӕ аразӕм ӕвзонг цыхтӕй.
Лӕмбынӕгдӕр ацы дыууӕ хӕринаджы рецепттимӕ базонгӕ ут нӕ инфографикӕйы.