Гергиты Ларисӕйы фестивалы фӕлгӕтты Цхинвалы ацӕудзӕн классикон музыкӕйы концерт

© Sputnik / Ада БагианГергиты Ларисӕ
Гергиты Ларисӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон зарӕггӕнӕг Гагитэ Ирина йӕ коллегӕтимӕ ратдзӕн концерт Цхивалы.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Цхинвалы къуырисӕры уагъд ӕрцӕудзӕн классикон музыкӕйы концерт Мариинаг театры номдзыд солисты хайадистӕй, фехъусын кодтой Sputnik РХИ культурӕйы министрады.

Концерт организацигонд цӕуы Х ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисамӕ"-йы фӕлгӕтты Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндоны.

"Къуырисӕры изӕры 6 сахатыл музыкалон ахуыргӕнӕндоны ратдзысты концерт Мариинаг театры солисттӕ Гагитэ Ирина, Дмитрий Горбовской ӕмӕ Карлос Донофрио (Аргентина). Мадзалы хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат Наталья Павлова дӕр", — радзардта министрады пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.

Х ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисамӕ"-йы фӕлгӕтты Цхинвалы ацы концерт уыдзӕн дыккаг мадзал. Ӕрӕджы ма республикӕйы аивадуарзджытӕ базонгӕ сты зынгӕ уӕрӕсейаг артист Сергей Безруковы аивад ӕмӕ архайдимӕ актерӕн йе ‘сфӕлдыстадон изӕры рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0