Дыццæджы Хуссар Ирыстоны нæ уыдзæн рухс

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæАвари
Авари - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Энергоресурс"-ы фидарæй зæгъынц, боны кæронмæ фæстæмæ кæй уыдзæн электроэнергийæ ифтонгад.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон дыццæджы 9 сахатæй изæры 7 сахаты онг хицæн æрцæудзæн электроэнергийæ ифтонгадæй, электронон хæтæлтыл цалцæггæнæн куыстытæ кæй цæудзæн, уый фæстиуæгæн. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Паддзахадон унитарон кондад "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Алан.

Уый размæ, майрæмбоны республикæйы суткæйæ фылдæр нæ уыд рухс, Дзомагъы электронон хæтæлты хаххыл авари кæй æрцыд, уый фæстиуæгæн.

"Ныртæккæ республикæ элетроэнергийæ ифтонг цæуы схемæмæ гæсгæ. Кусджытæн нæ бантыст æххæстæй аиуварс кæнын аварийы фæстиуджытæ. Райсом куыстытæ адарддæр уыдзысты аварийы æххæст ликвидацийы онг", — загъта Гæбæраты Алан.

Уый фехъусын кодта, авари цы электронон хæтæлты хаххыл æрцыд, уый кæй лæууы Ставрополы магистралон электронон хæтæлты баиугæнды балансыл, уымæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ уадздзысты ацы баиугæнды кусджытæ.

Электроэнерги Хуссар Ирыстон исы РЦИ-Аланийæ, бынæтты электроэнергийы хахх айгæрст у уæлхох фадгуытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0